Знауыраг дзюдоисттӕ ссисты Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзаутӕ

© Sputnik / Ада Багиан Знауыры дзюдойы скъола
Знауыры дзюдойы скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууӕ хуссарирыстойнаг дзюдоисты Джиоты Аслан ӕмӕ Уалыты Сослан ӕрхастой сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист майданы.

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг дзюдоисттӕ Джиоты Аслан ӕмӕ Уалыты Сослан ӕрыгӕтты хсӕн Уӕрӕсейы фыццагады бацахстой призон бынӕттӕ, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Гӕбӕраты Инал.

Джиоты Аслан рамбылдта сыгъзӕрин майдан, Уалыты Сослан та — ӕвзсит. Ацы дыууӕ ӕвзонг дзюдоисты дӕр сӕ спортивон архайд райдыдтой Знауыры районы дзюдойы скъолайы, ныридӕгӕн та цӕттӕ кӕныц Цӕгат Ирыстоны.

"Джиоты Аслан архайы 100 килограммы уӕзы категорийы. Ерысты йын уыд цыппар тохы ӕмӕ дзы ӕппӕты дӕр фӕуӕлахиз. Уалыты Сослан та ис 66 килограммы уӕзы категорийы, фӕхӕрд ӕрмӕстдӕр иу хатт ӕмӕ уый хыгъд бацахста дыккаг бынат", — загъта тренер.

Уӕрӕсейы фыццагад дзюдойӕ цыд Ростов-на-Донуйы. Ирон спортсментӕ ерысты хъахъхъӕдтой Мордовийы спортивон кад. Уыдон апрелы та сӕ цӕттӕдзинад фӕлвардзысты "Кубок Европы"-йы фыццаг этапы Санкт-Петербурджы.

Джиоты Аслан ӕмӕ Уалыты Сослан сты тренертӕ Гӕбӕраты Инал ӕмӕ Зассеты Аркадийы хъомылгӕнинӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0