Хуссар Ир йе ‘мбӕстӕгты ныхмӕ ссӕрибар кодта цыппар гуырдзиаг ахӕсты

© Давид Санакоев, архивное фотоСанахъоты Дауыт
Санахъоты Дауыт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2005 азы Гуырдзыстоны цӕрӕмбонтӕм ахӕстоны фӕбадын цы ирон лӕппутӕн стӕрхон кодтой, уыдон цыппӕрӕмы баивтой аст гуырдзиагыл, кӕцытӕ уыдысты ахст Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы.

ЦХИНВАЛ, 11 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад йе ‘мбӕстӕгты ныхмӕ ссӕрибар кодта Гуырдзыстоны цыппар ӕмбӕстаджы, кӕцытӕн раздӕр республикӕйы тӕрхондон аскъуыддзаг кодта ахӕстоны фӕбадын, фехъусын кодта Sputnik РХИ президенты уынаффӕгӕнӕг Санахъоты Дауыт.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгты радтой дыууӕрдыгӕй ахӕстӕтты ссӕрибар кӕныны принципмӕ гӕсгӕ.

2005 азы Гуырдзыстоны цӕрӕмбонтӕм ахӕстоны фӕбадын цы ирон лӕппутӕн стӕрхон кодтой, уыдон цыппӕрӕмы баивтой аст гуырдзиагыл, кӕцытӕ уыдысты ахст Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы.

"Мах радтам Гуырдзыстонӕн йӕ цыппар ӕмбӕстаджы — Джемал Миделашвили, Гела Илуридзе, Мисеил Кристесиашвили ӕмӕ Пухаты Игоры. Мах 2008 азӕй фӕстӕмӕ кусӕм ацы принципыл, цӕмӕй дыууӕ фарсӕрдыгӕй дӕр ахӕстӕтты иууылдӕр ссӕрибар кӕной. Зноны хабар куыд фӕнын кодта, афтӕмӕй та ацы принцип ногӕй сӕндидзыдта", — загъта Санахъойы фырт.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фарст скъуыддзаг цыд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы президентты ӕмвӕзадыл.

Джемал Миделашвилийы аххосджын кодтой хӕцӕнгӕрзтӕй ӕнӕзакъонон пайдакӕнынадӕй, Гела Илуридзейӕн рахастӕуыд тӕрхон 12 аз ахӕстоны фӕбадын шпионажы тыххӕй. Пухаты Игоры аххосджын кодтой паддзахадон фæфæлдæхт саразын бафӕлварыны ӕмӕ Гуырдзыстоны хицауадимӕ ӕмгуыстады. Цыппӕрӕм гуырдзыстойнаг ӕмбӕстаджы та ӕрцахстой арӕн фехалыны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0