ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik, Козаты Дианæ. Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты кусджытæ баулæфдзысты хъырымаг горæт-курорт Сакийы, фехъусын кодта Sputnik заводы директор Цхуырбаты Вадим.
Горæт Саки у зыдгонд бальнеоцъыфы курорт Хъырымы. Хоскæнынад райсынæй дарддæр ма ам фадат ис алыгъуызон экскурситы ацæуынӕн.
"Нæ кондады цыппар рагондæр æмæ раззагондæр кусджытæ дæс боны дæргъы сæ фæллад уаддзысты Сакийы. Саки у тынг рæсугъд горæт — курорт, цыран уыдон улæфгæ дæр бакæндзысты, медицинон процедурæты комплекс дæр рацæудзысты æмæ ма экскурситы дæр ацæудзысты", — загъта Цхуырбаты Вадим.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, заводы кусджытæн ацы фадат лæвæрд цæуы æнæаргъæй — дыууæ кæронмæ билет, Сакийы санитарон-реабилитацион рынчындоны хоскæнынад, цыран сын уыдзæн бон æртæ хатты хæрд æмæ цæудзысты медицинон процедурæтæ".
"Ис нын профцæдис, цæй фæрæзтæй æрвылаздæр æрвитæм улæфынмæ нæ кусджыты. Ацы аз дæр та радтам фадат нæ сгуыхт кусджытæн сæ фæллуад суадзын æмæ сæ æнæниздзинадмæ æркæсынӕн", — банысан кодта директор.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хъырым Уæрæсейы скондмæ куы баздæхт, уæдæй фæстæмæ уым бирæ ивындзинæдтæ æрцыд — арæзт цæуынц фæндæгтæ, рæзы инфраструктурæ, уымæ гæсгæ "улæфджыты зæрдæмæ хъуамæ фæцæуа".
Балцмæ йæхи чи цæттæ кæны, уыдонæй иу у Плиты Мадинæ. Уый ам фæллой кæны ныр 23 азы. Райсом йæ коллегæтæй æртæимæ афæндараст уыдзысты дард фæндагыл.
Хъырымы уый никуы уыдис советон рæстæджы дæр, ацы бынатмæ раздæры Цæдисы æмбæстæгтæ куы гуылф кодтой, уæддæр.
"Тынг райгонд дæн, ахæм фадат мын кæй фæзынд. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах бацагуырдтам, цы бынаты улæфдзыстæм, уый тыххæй бæрæггæнæнтæ. Ныхӕстӕм гæсгæ, уый у тынг хорз рынчындон, цыран улæфджытæн лæвæрд цæуы медицинон лæггæдты егъау спектр. Иуæй иу процедурæтæ нын уыдзысты æнæаргъ, иннæтæ та — нæхи фæндонмæ æмæ финансон фадæттæм гæсгæ", — дзуры Мадинæ.
Къелеты Иринæ раджы кæддæр улæфыд Хъырымы, уыд Сакийы дæр, хъуыды кæны ацы бынат. Æхсызгон ын у, кæй баздæхдзæн ацы бынатмæ æмæ фендзæн æрцæугæ ивындзинæдтæ.
Заводы къухдариуæгад фыццаг хатт нæ æрвиты йæ кусджыты улæфынмæ. Раздæр дæр уыдон улæфыдысты Уæрæсейы ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр санаториты.