Конфуций "сдзырдта" иронау

© Sputnik / Валерий Шустов /  Ахизын медиабанкмæКонфуцийы номыл кувӕндон Китайы
Конфуцийы номыл кувӕндон Китайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медицинон зонӕдты доктор, профессор Торчынаты Амырхан раивта ирон ӕвзагмӕ рагон китайаг философ Конфуцийы куыстытӕ "Конфуций. 300 изречений". Чиныгӕн уагъд ӕрцыд презентаци Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады центры.

ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны рухсмӕ фӕзынд рагон китайаг философ Конфуцийы куыстыты ӕмбырдгонд "Конфуций. 300 изречений" ирон ӕвзагмӕ тӕлмацӕй. Чиныг ратӕлмац кодта медицинон зонӕдты доктор, профессор Торчынаты Амырхан, хъусын кӕны Уӕрӕсейы президенты цур Цӕгат Ирыстон-Аланийы минӕварады сайт.

Конфуцийы куыстыты ӕмбырдгондӕн уагъд ӕрцыд презентаци Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады центры.

"Мадзалы хайад райстой Уӕрӕсейы Федерацийы советы уӕнг Тотоонты Александр, Уӕрӕсейы ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты фӕдыл бӕрны советы уӕнг Дзассохты Александр, МПУ профессор Джиоты Алеся ӕмӕ ӕндӕртӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Торчынаты Амырхан у дохтыр ӕмӕ ахуыргонд, уымӕй дарддӕр ма йӕ ном хъуыстгонд у куыд курдиатджын композитор, зарӕггӕнӕг ӕмӕ поэт дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0