Кӕронмӕ бахӕццӕ рæстæгмæдарæн изоляторы кусджыты ахасты басгæрст

© Sputnik / Владимир Акимов /  Ахизын медиабанкмæРæстæгмæдарæн изолятор
Рæстæгмæдарæн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рæстæгмæдарæн изоляторы кусджыты азым кæнынц, сæ куысты хæстæм æмбæлон хъусдард кæй нæ аздæхтой. Дарддæры æвзарæныл бакусдзæн республикæйы генпрокуратурæ.

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæрмагонд æдасдзинады управлени кæронмæ бакодта службæйон басгæрст рæстæгмæдарæн изоляторы (РДИ) кусджыты ахасты, кæцыты азым кæнынц, сæ куысты хæстæм æмбæлон хъусдард кæй нæ аздæхтой.

Уый тыххæй президенты фембæлды рæстæджы тыхон структурæты къухдариуæггæнджытимæ фехъусын кодта Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар, хъусын кæны республикæйы президенты сайт.

Ацы аз январы РДИ-ы территорийыл амардтой республикæйы æмбæстаг Тъотъоты Ацæмæзы, кæцы уый размæ машинӕйӕ ныццавта дыууӕ сылгоймаджы ӕмӕ дыууӕ дӕр фӕмард сты. Тъотъойы фырты чи фехста, уый уыд фæмардуæвæг сылгоймæгтæй иуы фырт.

"Азымгонд Тъотъоты Ацæмæзы амарыны факты фæстиуæгæн мидхъуыддæгты министрады рæстæгмæдарæн изоляторы кусджыты архайды фæдыл цы службæйон басгæрст ауагъта, уый рæстæджы рабæрæггонд æрмæджытæ æрвыст æрцыдысты генералон прокуратурæмæ", — загъта Лæууойты Æхсар.

Милицийы кусджытӕ, кӕцытӕ ӕруагътой ахстуӕвӕджы фехсыны цау, хъуамӕ ӕрцӕуой ӕфхӕрд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Милицийы кусджытӕ, кӕцытӕ ӕруагътой ахстуӕвӕджы фехсыны цау, хъуамӕ ӕрцӕуой ӕфхӕрд

Йæ ныхæстæм гæсгæ, РДИ-ы кусджытæ æмбæлонæй нæ сæххæст кодтой сæ хæстæ, цæй фæстиуæгæн нæ бахъахъхъæдтой азымгонды цард.

Уый ма бафтыдта, дисциплинарон бæрндзинад ма æвæрд кæй æрцæудзæн æхсæнадон æдасдзинады милицийы кусджытыл дæр, кæцытæ дзуапп дæттынц ацы здæхтæн.

Тъотъоты Ацæмæзы фехстой тæрхондонон рабадты фæстæ, аххосджыны тæрхондоны бæстыхайæ куы фæцæй кодтой Мидхъуыддæгты министрады рæстæгмæ дарæн изолятормæ, уӕд. Кобесы фырт цалдæр æхст фæкодта Тъотъойы фырты изолятормæ бахизæны, цæй фæстиуæгæн уый фæмард бынаты.

Тъотъоты Ацæмæзы фæдыл процесс кæронмæ нæма бахæццæ. Уымæ æнхъæлмæ каст фараст азмæ ахæсты баконд.

Ног хабӕртты лентӕ
0