Цхинвайлæгтæн стадионмæ цæуыны бар уыдзæн æрмæстдæр бæрæг рæстæг

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы стадион
Цхинвалы стадион - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стадионы къухдариуæгад рæстæгмæ сарæзта арæнæвæрд цхинвайлæгтæн стадионмæ цæуынæй. Ныр горæты стадионы лидзыны фадат уыдзæн æрмæстдæр сæумæрайсом æмæ изæры аст сахатæй фæстæмæ.

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Уалдзæджы æрбалæудимæ алкæйдæр æрфæнды сæумæрайсом кæнæ кусгæ боны кæрон горæты стадионы, кæнæ парчъы аууон къахвæндæгтыл алидзын. Иуæн дæр æмæ иннæмæн дæр ис сæхи æвæрццаг миниуджытæ: парчъы атмосферæ суадзы стресс, стадионы та ис хорз æмбæрзт, кæцы рогдæр кæны лидзыны процесс.

Фæлæ лидзынæн бæзгæ парктæ горæты нæй, горæты стадионы алидзынæн та æрæджы спортивон объекты къухдариуæгад сарæзта арæнæвæрд, кæцы цæрджыты æхсæн сæвзæрын кодта æнæразыдзинад.

"Стадионы къухдариуæгад аскъуыддзаг кодта, цæмæй горæты цæрджытæн рæстæгмæ арæнæвæрд æрцæуа объектмæ цæуыны хъуыддаджы. Цæуыны фадат та сын уыдзæн æрмæстдæр æхсæз сахатæй дæс сахатмæ, æмæ изæры аст сахатæй дæс сахаты онг. Арæнæвæрды сæйраг аххосæг у уый, æмæ спортсментæн кæй æрцыд нысан уæлæмхас тренировкæтæ", — радзырдта сывæллæтты спортивон скъолайы рог атлетикæйы тренер Цъæхилты Игорь.

Тренер бамбарын кодта, ацы мадзæлттæ ист кæй цæуынц объекты уагæвæрд бахъахъхъæныны нысанæн.

Стадионы директор Джиджойты Алан банысан кодта, футболон фæзуаты æмæ дугъы фæндаджы æмбæрзт кæй домынц сæрмагонд зылд. Горæты цæрджытæ тæ нæ хъахъхъæнынц уагæвæрд, æмбæрзт тагъддæр æхсийы, йæ сæндидзæн та домы бирæ хæрдзтæ.

"Цас фылдæр адæм цæуы стадионмæ, уас тынгдæр ихсийы дугъы фæндаг, æххуыс та нын ничи кæны",- сагъæсгæнгæйæ дзуры Джиджойты Алан.

Фæлæ горæты цæрджытæ разы не сты ацы мадзæлттимæ, уымæн æмæ бонæй бон фылдæр кæны спортуарзджыты нымæц.

"Советон дуджы æмæ йæ фæстæ рæстæг дæр стадионы æрмæст спортсментæ нæ цæттæ кодтой сæхи, фæлæ ма сæрмагондæй чи тренировкæтæ кæнынц, уыдонæн дæр. Æз ардæм цыдтæн регулярон æгъдауæй — куы дугъ кодтон, куы цæугæ. Æмæ мæ иу бон нал бауагътой стадионмæ. Изæры аст сахатæй фæстæмæ та дзы у талынг, рухс ахицæн кæнынц. Дзурынц, зæгъгæ стадион у футболисттæ æмæ рог атлетикæйы спортсментæн. Æмæ се ‘нæниздзинадмæ сæ хъус цы хуымæтæг адæм дарынц, уыдон та цы фæуой?", — дзуры Цхинвалы цæрæг.

Уый ма загъта, карзæй хъахъхъæд кæй хъуамæ цæуа объекты уагæвæрд.

Стадионы директор æмæ футболон клуб "Спартак"-ы тренер Джиджойты Алан мæт кæны цхинвайлæгтæ æмæ стадионы къухдариуæгады æхсæн сывзæргæ уавæры тыххæй æмæ дзуры, зæгъгæ кæд стадионмæ цæуджытæ æххæтст кæной спортивон объекты уагæвæрд, уæд сын дарддæр уырдæм цæуыны хъуыддаджы цæлхдуртæ нал сæвзæрдзæн.

"Мах цæттæ стæм рахицæн кæнын бæлвырд рæстæг спортуарзджытæн, фæлæ цæрджытæ сæхæдæг дæр хъуамæ хæссой бæрндзинад. Уымæн æмæ уый горæты у иунæг стадион æмæ йæ хъуамæ мах ма руадзæм æдзæллаг уавæрмæ æркæнын", — загъта стадионы директор.

Мах ныфс ис, рæстæджы цыдимæ æмбæстæгтæ æмæ республикон стадионы къухдариуæгадæн кӕй бантысдзæн сæвзæргæ уавæры компромисс ссарын.

Ног хабӕртты лентӕ
0