Радæйы срегистраци кодтой Уæрæсеимæ дипахастытæ фехалыны тыххæй уынаффæ

© Sputnik / Стрингер /  Ахизын медиабанкмæУкраинæйы Уæлдæр Радæ
Украинæйы Уæлдæр Радæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый размæ Украинæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Павел Климкин, Уæрæсимæ дипломатон ахастытæ фехалыны тыххæй комментарий аразгæйæ, загъта, ахæм инициативæ кæй фехалдзæн бадзырдон формат æмæ тас кæй хæссынц минскаг бадзырдтæ æххæст кæнынæн.

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Украинæйы Уæлдæр Радæйы депутатты къорд дыццæджы парламенты срегистраци кодта Уæрæсейы Федерациимæ дипломатон ахастытæ æруромыны тыххæй уынаффæйы проект.

Уынаффæйы текст нырма нæ сæвæрдтой хицауады сайтыл.

Парламентон фракци "Радикалон парти"-йы депутаттæ 2015 азы сидтысты, цæмæй рæстæгмæ урæд æрцæуой УФ-имæ дипломатон ахастытæ. Украинæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Павел Климкин разы нæу ацы инициативæимæ. Уый загъта, зæгъгæ УФ-имæ дипломатон ахастыты ӕрурӕд фехалдзæн бадзырдон формат æмæ у тæссаг минскаг бадзырдтæ æххæст кæнынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0