ЦХИНВАЛ, 16 марта — Sputnik. Иу къуыри ма баззад Андрей Стенины номыл фотожурналитикæйы æхсæнадæмон конкурсмæ куыстытæ бадæттыны кæронмæ. Конкурс уадзы ӔИА "Россия сегодня", ЮНЕСКО-йы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы къамисы эгидæйы бын.
Конкурсмæ куырдиæттæ балӕвӕрдтой фотожурналисттæ 5 континентæй, уыимæ иумæ куыстытæн сæ 60% æвдыст сты хуызджынæй. Хайадисджыты ‘хсæн сты АИШ, Бразили, Австрали, Уæрæсе, Стыр Британи, Германи, Египет, Инди, Китай æмæ бирæ æндæр бæстæты минæвæрттæ.
Уæрæсейы мидæг конкурсы географи айтынг ис Калининград, Владивосток, Мæскуы, Ялта, Санкт-Петербург, Йошкар-Ола, Волгоград æмæ Тюменыл. Куыстытæ бадæтыны фадат ис конкурсы сайтыл stenincontest.ru 2016 азы 22 мартмæ. Конкурсы хайадисджыты кар хъуамæ уа 18 — 33 азы.
"Алы конкурсы хайадист дæр нын фадат дæтты нæ фæлтæрддзинад фæхуыздæр кæнынӕн. Ацы аз конкурсы хицæндзинад ис уый мидæг æмæ къамты 60% бавдыст æрцыд хуызджынæй", — дзуры ӔИА "Россия сегодня"-йы фотоинформацийы баиугонд дирекцийы сæргълæууæг Александр Штоль.
Конкурсмæ куыстытæ ист цæуынц фондз номинацийы: "Мæ бæстæ", "Дунейы хуызтæ. Царды гармони", "Портрет. Нæ дуджы хъайтар", "Сæйраг хабæрттæ" æмæ "Спорт". Хъæлæсдæттынады фæстиуджытæм гæсгæ, жюри алы номинацийы дæр сбæлвырд кӕдзæн æртæ призон бынаты, афтæ ма лæвæрд æрцæудзæн сæрмагонд хорзæх "Гран-при". "Гран-при" уыдзæн 500 мин сомы æмæ лæвæрд æрцæудзæн иууыл ирддæр æмæ цымидисондæр куыстæн.
Андрей Стенины номыл фотожурналитикæйы æхсæнадæмон конкурсы нысан у æвзонг къамисджытæн феххуыс кæнын æмæ нырыккон фотожурналистикæйы хæслæвæрдтæм æхсæнадон хъусдард аздахын.