Цæгат Иры цæрæджы аххосджын кӕнынц ИП-ы рæнхъытæм адæмы хоныны хъуыддаджы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУавæр Сирийы
Уавæр Сирийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2015 азы сæрды Мӕздӕджы цӕрӕг социалон хызæджы руаджы йæ зонгæтæм æрсидт Сириаг адæмон республикæмæ ацæуын.

ЦХИНВАЛ, 16 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг Мæздæджы районы цæрæджы ныхмæ. Нæлгоймагмæ зæрдæ æхсайы Уæрæсейы тобæгонд террористон организаци "Исламаг паддзахады" рæнхъытæм адæмы вербовкæйы хъуыддаджы.

"Мæздæджы прокуратурæ цы басгæрст ауагъта, уый фæстиуджытæм гæсгæ, Мæздæджы районы цæрæг хайад исы "Исламаг паддзахады"-ы архайды. Социалон хызæг — программæ "WhatsApp"-ы руаджы уый фарон сæрд сидт йæ зонгæтæм, цæмæй ацæуой Сиримæ æмæ хæцой террористон организацийы рæнхъыты", — хъусын кӕны РЦИ-А прокуратурæйы сайт.

Уголовон хъуыддаг баконд æрцыд УФ УК 205-æм статьямæ гæсгæ — террористон архайдæн ахъаз кæнын. Ацы статьяйы фæдыл максималон æфхæрд у аст азы ахæстоны фæбадын.

Ног хабӕртты лентӕ
0