Фразеологизмты фыццаг англисаг-ирон дзырдуат мыхуыр ӕрцӕудзӕн Цхинвалы

© Sputnik / Руслан ТадтаевХИПУ англисаг ӕвзаджы кафедрӕйы сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Мира
ХИПУ англисаг ӕвзаджы кафедрӕйы сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Мира - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Историйӕ бӕрӕг у, англисаг ӕвзаг фидар куы цыд, уыцы заманы нӕ фыдӕлтӕн ӕнгом ахастытӕ кӕй уыд Британийы знæмтимӕ.

ЦХИНВАЛ, 16 марта — Sputnik. Фразеологизмты фыццаг англисаг-ирон дзырдуат цӕттӕ цӕуы мыхуырмӕ Цхинвалы, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты англисаг ӕвзаджы кафедрӕйы сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Мира.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, англисаг ӕмӕ ирон фразеологизмтӕй бирӕ ис ӕнгӕстӕ.

"Ирон ӕмӕ англисаг ӕвзӕгты фразеологизмтӕй 30% онг сты иугъуызон, аннӕтӕ та сты ӕнгӕс. Ӕвзагзонынадӕй куыд бӕлвырд у, афтӕмӕй фразеологийы ӕнгӕсдзинад нӕ бӕлвырд кӕны, ӕвзӕгтӕ хӕстӕг кӕй сты, уый. Фӕлӕ ахӕм ӕмхуызондзинадыл куы фембӕлӕм, уӕд гуырысходзинад ӕвзарӕм. Историйӕ бӕрӕг у, англисаг ӕвзаг куы фидар цыд, уыцы заманы нӕ фыдӕлтӕн ӕнгом ахастытӕ кӕй уыд Британийы знæмтимӕ", — загъта Цхуырбаты Мира.

Англисаг ӕвзаджы кафедрӕ фразеологизмты англисаг-ирон дзырдуатыл кусы 2005 азӕй фӕстӕмӕ. Йӕ фыццаг хай уыд цӕттӕ 2008 азы, разныхас ын бацӕттӕ кодта Гӕбӕраты Никъала, фӕлӕ сӕ куыстытӕ 2008 азы хӕсты паддзахадон университеты бӕстыхайы басыгъдысты.

"Кафедрӕйы уӕнгтӕй бирӕтӕм сӕ куыстыты къухфыстытӕ дӕр нал баззад. Куыст бахъуыд ногӕй райдайын ӕмӕ ныридӕгӕн кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны. Ныфс нӕ ис, ӕмӕ 2016 азы маймӕ мыхуыр кӕй ӕрцӕудзӕн", — банысан кодта кафедрӕйы сӕргълӕууӕг.

Кафедрӕйы уӕнгтӕ райдыдтой кусын дзырдуаты дыккаг хайыл. Куыст цӕуы тагъд темпытӕй ӕмӕ йӕ коллектив фӕнд кӕны 2017 азы уалдзӕджы ныммыхуыр кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0