Ереды трагедийы амӕттӕгты мысынц Цхинвалы

Рафыссын
25 азы размӕ 12 нӕлгоймаджы Гуырдзыстоны хотыхджын ӕфсӕддонтӕ ӕрцахстой ӕмӕ сӕ удыгасӕй баныгӕдтой. Ацы бон сӕрмагонд бынат ахсы Ирыстоны историйы трагикон фӕрстыл, 18 март та нымад у фыдохы боныл.

ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны мысынц Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ.

Ереды трагедийӕн Ирыстоны трагикон историйы ис сӕрмагонд бынат. 18 март расидт ӕрцыд фыдохы ӕмӕ мысӕн бонӕй. Республикӕйы алы къуымты уагъд фӕцӕуынц алыгъуызон мысӕн мадзӕлттӕ.

Раст 25 азы размӕ, 1991 азы 18 марты Гуырдзыстоны хотыхджын ӕфсӕддонтӕ Цхинвалы районы Ереды хъӕумӕ хӕстӕг ӕрурӕдтой сабыр цӕрджытимӕ автобус. Адӕм цыдысты Цхинвалмӕ сӕ цардуагон фарстыты фӕдыл, се‘хсӕн уыд сылгоймӕгтӕ дӕр. 12 нӕлгоймаджы рахизын кодтой автобусӕй ӕмӕ сӕ ‘рцахстой. Бирӕ ӕзты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл.

Ӕрмӕстдӕр дыууӕ аз ӕмӕ дыууӕ мӕйы фӕстӕ рабӕрӕг сты гуырдзиаг ӕфсӕддонты сырдон митӕ. Уӕд ссардӕуыд 12 ирон нӕлгоймаджы иумӕйаг уӕлмӕрд дӕр. Амӕттӕгтӕ бавзӕрстой хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ фыдмитӕ. Стӕй сӕ удыгасӕй ныккалдтой иу стыр дзыхъхъы, бакалдтой ӕртаг ӕмӕ сыл арт бафтыдтой. Дурзæрдæ гуырдзиӕгтӕм уый дӕр цъус фӕкаст — артӕй чи арвӕзт, уыдоны та баныгӕдтой удыгасӕй ӕмӕ сын сӕ ингӕны сыджыт рараст кодтой бульдозерӕй.

Ереды трагедийы бахаудтой Сатихъар, Къоркъула, Дисеу, Дменис ӕмӕ Черейы хъӕуы цӕрджытӕ. Ереды трагеди бацыд канд Хуссар Иры нӕ, фӕлӕ адӕймагады ныхмӕ иууыл стырдӕр фыдракӕндты историмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0