ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент дыццæджы райста æууилгæ тамако "снюс", "насвай" æмæ æндæр ӕнгӕс буарадты æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ спайда кæныныл тобæ сæвæрыны фæдыл закъон.
Sputnik Хуссар Ирыстон бирæ хатт æздæхта кæсджыты хъусдард ацы проблемæмæ. Агентады журналисттæ ивгъуыд аз сарæзтой контролон балхæд, цæй рæстæджы рабæрæг, сывæллæттæн фадат кæй ис сæрибарæй горæты базарадон объектты æууилгæ тамако "снюс" балхæнын. Скъоладзауты æхсæн снюс популярон кæй у, уый фæдыл Sputnik сайтыл цалдæр публикацийы фæстæ парламент рахаста фæндон тобæ сæвæрын йæ реализацийыл.
Депутатты æркастмæ ацы фарст рахаста æнæниздзинад хъахъхъæныны комитеты сæргълæууæг Къозонты Алан, кæцы банысан кодта, ацы закъоны райсты сæйраг нысан кæй у сывæллæтты фыдбылызхæссæг ахуырæй бахизын.
"Ацы æууилгæ тамакотæ адæймаджы æнæниздзинадæн хæссынц стыр зиан, се сконды ис хъæстæ буарадтæ. Уыдон бахауынц адæймаджы организммæ æмæ зынын кæнынц никотинæй амынæт", — загъта Къозонты Алан.
Фæткхалджытæ фиддзысты ивар 20-150 мин сомы, кæнæ дыууæ мæйы æмгъуыдмæ баконд æрцæудзысты ахæстоны тобæгонд тамако парахат кæныны тыххæй.
Раздæр мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар фехъусын кодта Sputnik, зæгъгæ, куыддæр республикæйы парламент райса æмбæлон закъон, афтӕ ведомствӕйы кусджытæ райдайдзысты уадзын рейдтæ базарадон объектты.