Уарзондзинад ӕмӕ ӕрхӕндӕджы къуым

© Фото: Диана КочиеваИнвалидтӕ ӕмӕ зӕрӕдты хӕдзар "Забота" Цхинвалы
Инвалидтӕ ӕмӕ зӕрӕдты хӕдзар Забота Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зӕрӕдты хӕдзар ӕрӕййӕфта дыууӕ хӕст ӕмӕ зынгсивӕрзт. Арты азары бабын авд адӕймаджы. Ныридӕгӕн ам цӕры 23 адӕймаджы, уыдон ӕхсӕн ис уатон рынчынтӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Инвалидтӕ ӕмӕ зӕрӕдты хӕдзар "Забота" бавзӕрста Хуссар Ирыстоны цӕрджытимӕ хӕсты зындзинӕдтӕ. Пансионаты цӕрджытыл ноджы тынгдӕр бандӕвта хӕст — Советон цӕдис куы ныппырх, уӕд ахӕм уагдӕттӕн нал цыд хицӕн финансон фӕрӕзтӕ.
1989 азы хӕццӕ рӕстӕджыты ам уыд зынгсивӕрзт — басыгъд бӕстыхай, арты азары бабын сты авд адӕймаджы.

Пансионат, уый дӕр йӕ фыццаг уӕладзыг, йӕ куыст сног кодта ӕрмӕстдӕр 2000 азы. Бӕстыхай арӕзт ӕрцыд Норвегийы лигъдӕтты советы финансон ӕххуысы фӕрцы.

Бӕстыхай нымад у 25 адӕймагыл, ныридӕгӕн дзы цӕры 23, уыдонӕй цыппар сты уатон рынчынтӕ. Ацы адӕмы нымӕцы ис куыд бынӕттон цӕрджытӕ, афтӕ ма Гуырдзыстонӕй лигъдӕттӕ дӕр.

Ам адӕм канд сӕ зӕрыбонтӕ не ‘рвитынц, фӕлӕ ма ссарынц хӕлӕрттӕ, науӕд та саразынц бинонтӕ дӕр.

Джыгкайты Замира рагӕй цӕры "Забота"-йы. Райгуырд 1955 азы. Ссардта йӕ амонд, фӕлӕ йӕ кӕстӕр хъӕбул куы амард, уӕд ӕй бахъуыд пансионатӕй аздон скӕнын. Ӕнӕнхъӕлӕджы йӕм зӕрӕдты хӕдзары амонд йӕ мидбылтыл бахудт — ам фембӕлд Хъуылымбегты Павелыл. Уыдон иумӕ фӕцардысты аст азы.

"Сӕ ахастытӕ сын куы бамбӕрстон, уӕд сын хатӕн рахицӕн кодтон. Кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ цардысты. Замира-иу горӕтмӕ арӕх цыд, Павел та уыд инвалид ӕмӕ йын цӕуын зын уыд, фӕлӕ-иу куы ӕрӕджы кодта йӕ цардӕмбал, уӕд иу йӕ размӕ ацыд", — дзуры пансионаты директор Теблойты Чермен.

Павел йӕ цардӕй ахицӕн 2011 азы, Замира ныр дӕр нӕ ферох кодта йӕ цардӕмбалы.

Ноджы ма иу къай — Бестауты Адиоз ӕмӕ Ӕлборты Ольга фембӕлдысты ӕмӕ сӕ цард баиу кодтой "Забота"-йы.

"Дыууӕтӕн дӕр уыд зӕнӕг, фӕлӕ сӕ пансионаты дуарӕй йӕ къах дӕр ничи ӕрбавӕрдта. Иумӕ фӕцардысты фондз азы, стӕй нӕлгоймаг амард. Ольга ма йӕ фӕстӕ ахаста дыууӕ азы ӕмӕ уый дӕр ахицӕн йӕ цардӕй", — мысы "Забота"-йы директор.

Туаты Доменти ралыгъд Гуырдзыстонӕй. Цалдӕр азы ацард микрорайон "Хурзӕрин"-ы, фӕлӕ рынчын ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ бацыд пансионатмӕ.

"Мӕхӕдӕг мӕ сӕрӕн нал дӕн. Мӕ сывӕллӕттӕ та сты Гуырдзыстоны. Ам мӕм хорз кӕсынц, фӕлӕ мӕ бӕрны куы уаид, уӕд иу бон дӕр ам не‘рлӕуин. Фӕнды мӕ мӕ сывӕллӕттӕм", — дзуры Доменти.

Пансионат цӕры паддзахады хӕрдзтӕй, ам цы адӕм цӕры, уыдон пенсийы 75% хардз цӕуы сӕ хостӕ ӕмӕ дарӕсыл, аннӕ хай сӕхӕдӕг хардз кӕнынц.

"Махӕн дӕр ис проблемӕтӕ — фыццаг рады хъӕуы раивын хъӕдын фӕрсӕгтӕ. Кӕрты раздӕры административон бӕстыхӕйттӕ сты ӕркӕлынӕввонг ӕмӕ сӕ хъӕуы айсын", — дзуры директор.

Пансионаты чи цӕры, уыдонӕн сӕ фылдӕрӕн ис хиуӕттӕ, фӕлӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ сӕ бонтӕ ӕрвитынц зӕрӕдты хӕдзары.
Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сӕ бабӕрӕг кӕныц скъоладзаутӕ, артисттӕ сын саразынц хиирхӕфсӕн программӕтӕ. Кӕд арӕх нӕ вӕййынц, уӕддӕр цыбыр рӕстӕгмӕ ацы адӕмы сӕ мӕгуырдзинӕдтӕ айрох вӕййынц ӕмӕ сӕхи иунӕг нал фӕхатынц.

Уагдоны директор та бӕллы, цӕмӕй пансионат ӕрцӕуа ӕхӕгӕд.

"Фӕнды мӕ, цӕмӕй алкӕцы карджын адӕймаг дӕр йӕ зӕрыбонтӕ ӕрвита йе‘ ввахс адӕмы цур", — ӕнкъардӕй дзуры директор.

Ног хабӕртты лентӕ
0