Цӕгат Ирыстоны расидтысты ӕппӕтреспубликон зиу

© RIA Novosti . Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Ирыстоны расидтысты ӕппӕтреспубликон зиу
Цӕгат Ирыстоны расидтысты ӕппӕтреспубликон зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сабаты Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕ быронӕй расыгъдӕг кӕнын ӕмӕ бафснайынмӕ рацӕудзысты 5000 адæймаджы, се ‘хсӕн бӕрнон кусджытӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сабаты, 26 марты, арæзт æрцæудзæн фыццаг æппæтреспубликон зиу. Горӕты уынгтӕ быронӕй расыгъдӕг кӕнын ӕмӕ бафснайынмӕ рацӕудзысты 5000 адæймаджы, се ‘хсӕн бӕрнон кусджытӕ дӕр, хъусын кӕны 15 регион.

Мадзалы нывӕзтыл ныхас кодтой Цӕгат Ирыстоны вице-премьер Белыккаты Рафаэлы æмбырды районты сæргълæуджытимæ.

"Бафснайынæн бæрæггонд æрцыд 94 фадыджы, уыдон сты республикон æмæ федералон уагдæтты æмæ барадхъахъхъæнӕг органты бæрны. Цæгат Ирыстоны хицауады æмæ парламенты аппараты кусджытæ æфснайдзысты Хетæгкаты Къостайы номыл парчы территори", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Боныгъæды уавæрты аххосæй зиу 26 марты конд куы нæ 'рцæуа, уæд æй ахæсдзысты къуырийы æмгъуыдмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0