Женевæйы фембæлды Хуссар Ир фехъусын кодта йæ арæны цур провокациты тыххæй

© Sputnik / Егор Еремов /  Ахизын медиабанкмæАрæнгæрон территори
Арæнгæрон территори - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг делегаци банысан кодта Гуырдзыстоны æрдыгæй провокацион архайд арæнгæрон территоритыл, паддзахадон арæны режим сæттыны цаутæ.

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци фехъусын кодта женеваг дискусситы хайадисджытæн республикæйы арæны цур Гуырдзыстоны æрдыгæй провокациты тыххæй, дзырдæуы фæсконфликтон æрнывыл кæныны фæдыл РХИ президенты æххæстбарджын минæвары аппараты пресс-службæйы хъусинаджы.

22-23 марты Женевæйы уагъд æрцыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон раунд. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе, АИШ, афтӕ ма Евроцӕдис, ОБСЕ ӕмӕ Иугонд нациты организацийы минӕвӕрттӕ.

"Банысангонд æрцыд гуырдзыстоны æрдыгæй провокацион архайд арæнгæрон территоритыл, паддзахадон арæны режим сæттыны цаутæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджытæ ногæй æрлæууын кодтой гуырдзыстойнаг минӕвӕртты зӕрдыл, кæй хъæуы æрæвналын РХИ æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны демаркаци æмæ делимитацийы фæдыл иумæйаг куыстмæ", — дзырдæуы женеваг дискусситы фæстиуджы фæдыл хъусинаджы.

Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ равдыстой катай Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы фæтыхджындæргонд æфсæддон æмгуыстады фæдыл.

"Афтæ ма банысангонд æрцыд, Гуырдзыстоны территорийыл — Панкиссы комы кæй кусы тобæгонд террористон организаци "Исламаг паддзахады" цæттæгæнæн базæ, уый та æвзæрын кæны катай", — дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ банысан кодтой Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Гуырдзыстоны хицауадты хъæппæрисæй ахæстæтты æртæварсон баивд æмæ бузныг загътой, ацы процессы хайад чи райста, æппæт уыдонæн.

Хуссар Ирыстон ногæй æрæвæрдта Хуссар Иры æмбæстæгтæй Гуырдзыстоны территорийыл æбæрæгæй фесæфæг адæмы хъысмæты тыххæй. Уый фæдыл та республикæйы минæвæрттæн æхсæнадæмон æхсæнылæгтæ бавæрдтой ныфс, ацы хъуыддæгтыл бакусынмæ хуынд кæй æрцыд хæдбар æхсæнадæмон эксперт.

Дискусситы радон раунд уагъд æрцæудзæн 2016 азы июны æмбисы.

Ног хабӕртты лентӕ
0