Цхинвалы 2-ӕм скъолайы командӕ ссис мини-футболы турниры уӕлахиздзау

© Sputnik / Ада БагианМини-футболы турнир скъоладзауты 'хсӕн
Мини-футболы турнир скъоладзауты 'хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты дыккаг бынат бацахста скъола "Альбион"-ы командӕ, афтӕ ма призерты нымӕц баххӕст кодта 9-ӕм скъолайы командӕ.

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Цхинвалы уагъд ӕрцыд турнир мини-футболӕй, цыппӕрӕмы фӕбӕрӕг сты ерысты иууыл ӕнтыстджындӕр командӕтӕ, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы культурӕ, спорт ӕмӕ фӕсивӕды управленийы хистӕр Битеты Гурам.

Ерыстӕ цыдысты ӕртӕ боны дӕргъы. Турниры сӕ спортивон ӕвзыгъддзинад фӕлвӕрдтой горӕты скъолатӕй 10 командӕйы.

"Турниры уӕлахиздзау ссис Цхинвалы дыккӕгӕм скъолайы командӕ. Дыккаг бынат бацахста скъола "Альбион"-ы командӕ, афтӕ ма призерты нымӕц баххӕст кодта 9-ӕм скъолайы командӕ", — загъта Битеты Гурам.

Мини-футболы ерыстӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фылдӕр бӕрцӕй уагъд фӕцӕуынц хистӕр кълӕсты ахуырдзауты ‘хсӕн, фӕлӕ ацы турнирмӕ та ӕрхуыдтой 7-8 кълӕсты ахуырдзауты.

"Ерысты рӕстӕджы ма рабӕрӕг сты хуыздӕр хъазджытӕ: хуыздӕр дуаргӕс — Куымӕридтаты Дауыт, хъахъхъӕнӕг — Хетӕгкаты Вадим, размӕбырсӕг — Пухаты Аслан ӕмӕ бомбардир Бестауты Альберт", — радзырдта управленийы хистӕр.

Ерыстӕ организацигонд ӕрцыдысты Цхинвалы администрацийы культурӕ, спорт ӕмӕ фӕсивӕды управленийы тыхтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0