Дзæуджыхъæуы срестравраци кæндзысты историкон бæстыхæйттæ

Рафыссын
Бæстыхæйттæ сæ историкон фæлгонцы среставраци кæныны æнæмæнгхъæуӕгдзинады тыххæй фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы бынæттон хæдразамынады администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Борис.

ЦХИНВАЛ, 25 мар — Sputnik. Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспектыл реставрацигонд æрцæудзæн 27 бӕстыхайы фасады, фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы бынæттон хæдразамынады администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Борис.

Уый куыд загъта, афтæмæй фасадты иу хай домы уæлæнгай цалцæгад, иннæ та — æвæстиат реставрацион куыстытæ.

"Агъуыстыты хицæуттимæ аныхас кæндзыстæм. Стыр хæрдзтæ скæнын куы бахъæуа, уæд горæт йе 'ххуысы хай бакæндзæн техникæйæ кæнæ æрмæджытæй. Фæлæ Сабырдзинады проспект æмбæлон уагмæ æркæнын хъæуы", — загъта Æлбегаты Борис.

Реставрацион куыстытæ райдайдзысты апрелы мæйы. Мэрийы сæргълæууæг йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, агъуыстытæ реставрацигонд æрцæудзысты сфидаргонд дизайн-проектмæ гæсгæ.

"Æппæт проекттыл дæр сарæзтæуыд паспорттæ, уыдоны бæрæггонд æрцыд, ивгъуыд заманы цы хуызæн уыдысты, уый. Агъуыстытæ реставрацигонд æрцæудзысты уыцы стилы", — бамбарын кодта Æлбегаты Борис.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй апрелы æнæхъæнæй реконструкцигонд æрцæудзæн Кировы-Дзанайты фырты уынджы фистæгæй цæуджыты хай. Куыстытæ кæронмæ конд æрцæудзысты июны. Хъæудзæн плиткæ сæвæрын, тæрккъæвдайы коммуникацитӕ æмæ электрон энергийы фæлхасады системæ саразын.

Уымæй уæлдай, Æлбегаты Борис бабæрæг кодта оперæ æмæ балеты Национ театры алыварсы территори. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Гергийы фырты номыл фестивалы рæстæджы æвадат адæмæн "æрхизыны амал нæ вæййы". Æлбегаты Борис ныфс бавæрдта, администраци ацы фарст апрелы кæй аскъуыддзаг кæндзæн, уымæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0