Гобозты Вячеслав нысан ӕрцыд хицауады минӕварӕй парламенты

© Sputnik / Ада БагианРХИ хицауады агуыст
РХИ хицауады агуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты барамындмӕ гӕсгӕ мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты сӕрдары хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕндзӕн Джуссойты Нелли. Указыл бӕстӕйы сӕргълӕууӕг йӕ къух бафыста майрӕмбоны.

ЦХИНВАЛ, 25 мар — Sputnik. Мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты раздӕры сӕрдар Гобозты Вячеслав нысан ӕрцыд хицауады минӕварӕй парламенты. Вице-премьер Пухаты Эрик майрӕмбоны базонгӕ кодта комиеты коллективӕн сӕрдары хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕджы, фехъусын кодтой комитеты.

Президенты барамындмӕ гӕсгӕ, мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты сӕрдары хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕндзӕн Джуссойты Нелли — ведомствӕйы сӕрдары хӕдивӕг. Указыл бӕстӕйы сӕргълӕууӕг йӕ къух бафыста майрӕмбоны.

"Гобозты Вячеслав кусдзӕн хицауады минӕварӕй парламенты", — загъта Пухаты Эрик.

Гобозты Вячеслав комитеты сӕрдарӕй куыста ӕртӕ азы дӕргъы.

Ног хабӕртты лентӕ
0