Коцты Зураб: мах Минскы схизын кодтам ирон уæлибæхтæ бæрзонд æмвæзадмӕ

Рафыссын
Цхинвайлаг Коцты Зураб Дзæуджыхъæуæй Минскмæ алыгъд дæс азы размæ. Дыууæ азы размæ дзы бакодта дзулфыцæн цех, ныр Зураб зонгæ кæны Минскы цæрджыты дунейыл хъуыстгонд ирон уæлибæхтимæ.

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik, Козаты Дианæ. Минскмæ Коцты Зураб фыццаг хатт фæуазæг 2000-æм азы. Белорусаг столицæ фенгæйæ йæ дисы бафтыдта горæты уынгты сыгъдæгдзинад æмæ сабырдзинад, зæрдæхæлар адæм. Фæстæдæр Зураб сфæнд кодта ам æрцæрын, ракодта йæ бинонты дæр Дзæуджыхъæуæй.

Абон уый у дзулфыцæн цехы хицау, цыран аразынц дунейыл зындгонд, æцæг ирон уæлибæхтæ.

"Минскмæ æрцыдтæн цавæрдæр хъуыддаджы фæдыл æмæ дисы ныххаудтӕн уынгты сыгъдæгдзинад æмæ сабырдзинадæй. Баззад мын тынг ирд æнкъарæнтæ. Уый фæстæ ма дзы уыдтæн цалдæр хатты, æркодтон мæ бинонты, цæмæй уыдон дæр сæхи цæстæй феной ацы горæт æмæ сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. 2003 азы бынтондæр ам æрцардыстæм", — дзуры Зураб.

Зураб райгуырд Цхинвалы, фæлæ йӕ райгуырæн горæты нал уыд цалдæр азы. Минскмæ ацæуыны размæ бирæ рæстæг цард Цæгат Иры, Цхинвалы та уыдысты йæ ныййарджытæ, кæцытæ нæ разы кодтой сæ хæдзар ныууадзын.

© архив Зураба КочиеваКоцты Зураб
Владелец пекарни в Минске Зураб Кочиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Зураб

Зурабы ныхæстæм гæсгæ, ног бынаты йæ хъуыддаг бакæныныл хъуыды кодта авд азы, йæ реализаци кæнын та йын бантыст 2014 азы. Пецы фых ирон уæлибæхтӕ уайтагъд апарахат сты минскæгтæ æмæ бынæттон ирæтты æхсæн.

"Мах схизын кодтам Минскы ирон уæлибæхтæ ахæм бæрзонд æмвæзадмæ…адæмы зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Ацы хъуыддаджы бавæрдтам тынг бирæ энерги æмæ тыхтæ, моралон æмæ физикон. Раст зæгъгæйæ, æнæфсæрмæй мæ бон зæгъын у, æмæ нæ уæлибæхтæ сты, ирон сылгоймæгтæ сæ хæдзæртты Ирыстоны куыд кæнынц, ахæмтæ", — дзуры Зураб.

Уæлибæхтæ цæттæ кæныны процесс иууылдæр у къухæй, хыссæ сызмæнтынæй райдайгæйæ. Ницæй техникон сусæгдзинæдтæ, ницæй электронон пецтæ æмæ уый та фæлхасгæнджытæм æвзæрын кæны фылдæр æууæнк. Уæлибæхтæ фыцы Зурабы хæрæфырт чызг, фæлæ хыссæ ис йæ цардæмбалы мады "лæмбынæг хъусдарды бын". Уый дзуры, зæгъгæ, кæд æмæ уæлибæхтæц ацаходæны фадат ис кафетæ æмæ ресторанты, уæддæр уый у æппæт Белоруссийы иунæг бинонты дзулфыцæн цех. Дуканиты уæлибæхтæ уæй кæнынц салд хуызы дæр.

Зурабы цехы ахæм цыдæртæ нæй, кæрдзын кæнынмæ æрæвналынц, заказ куыддæр райсынц, афтæ. Уымæ гæсгæ фæлхасгæнджытæ айсынц тæвд уæлибæхтæ.

"Нæ ирон уæлибæхты ад ничи сфæлхатт кæндзæн. Уыцы адыл чысылæй фæстæмæ куыннæ схъомыл уай, уæд нæ базондзынæ, цы ад ис æцæг ирон уæлибæхтæн, кæцытæ арæзтой нæ мæдтæ æмæ нанатæ", — фидарæй уырны Зурабы.

Минскы барæнтæм гæсгæ, уæлибæхтæ зынаргъ не сты. Иууыл зынаргъдæр уæлибæх — фыдджыны аргъ у 700 сомы бæрц (Цхинвалы та 300 сомы).

"Ам алцыдæр зынаргъдæр у, уымæ гæсгæ нæм ис ахæм æргътæ. Уыимæ иумæ ма нæ бизнесыл бандæвта кризис дæр, кæцыйæ фæлварæм рахизын", — дарддæр кæны йæ ныхас Зураб.

Уæлибыхтæ аразынц æрмæстдæр ирон цыхтæй, кӕцы аразы Витебскы областы ноджы ма иу Ирыстонæй рацæуæг Лохты Таймураз.

© архив Зураба КочиеваУæлибыхтæ аразынц æрмæстдæр ирон цыхтæй
Пироги в пекарне Кочиева делают вручную - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæлибыхтæ аразынц æрмæстдæр ирон цыхтæй

Зурабы ныхæстæм гæсгæ, Минск нæу популярон Ирыстонæй рацæуæг адӕмы æхсæн. Ам цæры æрмæстдæр сæдæ иронмæ æввахс, кæцытæ активонæй размæ кæнынц Минскы "ирон æхсæнад" саразыны хъæппæрис. Йæ зонгæты ныхæстæм гæсгæ, рæстæгæй рæстæгмæ бирæтæ архайдтой ацы хъуыддаг саразыныл, фæлæ йæ кæронмæ акæнын никæмæн бантыст. Уымæ гæсгæ, Минскы ирæттæ кæрæдзи дзæбæх нæ зонынц.

Æрæджы Белоруссийы столицæйы уыд Ирыстоны цыргъзонд æмæ хъæлдзæг фæсивæды командæ. Уыдон балцы размæ зонгæ дæр нæ кодтой, Минскы кæй ис ирон уæлибæхтæ, сфæндыд сæ ацаходын.

"Бацыд сæм курьер, æмæ дыууæ-æртæ боны фæстæ райхъуыст дзæнгæрæг. Аныхæстæ кодтам, фембæлдыстæм. Тынг æхсызгон нын уыд нæхиуæтты фенын", — радзырдта Зураб.

Майы бæрæгбӕттæм Зураб æнхъæлмæ кæсы йе ‘мбæлттæм Мæскуыйæ. Дзуры, зæгъгæ, Белоруссийы 9 майы бæрæгбонмæ ис тынг ризгæ ахаст, уый "ам у сыгъдæг бæрæгбон". Бæрæгбонмæ цæттæ кæнынц бæстонæй, апрелы кæрон горæт иууылдæр сфæлындынц дидинджытӕй.

Бирæ æзты размæ уый Ирыстонæй кæй ацыд æмæ ног цард кæй райдыдта сыгъдæг æмæ сабыр Минскы, ууыл иухатт дæр никуы фæфæсмон кодта. Фæлæ, уæддæр арæх фæмысы "райгуырæн Цхинвал".

Ног хабӕртты лентӕ
0