ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik. Вокалистты æхсæнадæмон конкурс "Янтарный соловей"-ы хайад райсдзæн хуссарирыстойнаг оперон зарæггæнæг Хæбæлаты Лали. Зарæггæнæг йæхæдæг Sputnik куыд загъта, афтæмæй "15 бæстæ-хайадисджыты тырысайы æхсæн фæйлаудзæн Хуссар Ирыстоны тырыса дæр".
Зара Долухановайы номыл вокалистты æхсæнадæмон конкурс "Янтарный соловей" у иунæг уæрæсейаг конкурс, кæцыйы программæ иууылдæр конд у камерон вокалон репертуарæй, романстæ æмæ вокалон циклтæй. Конкурс уагъд цæудзæн Калининграды 28 мартæй 5 апрелмæ.
"Конкурсы ис æртæ туры, алкæцыйы дæр дзы хайадисджытæ хъуамæ равдисой фæйнæ æртæ композицийы. Æз сæххæст кæндзæн Рахманинов, Моцарт, Чайковский, Шуманы. Тынг бæстонæй цæттæ кодтон мæхи. Ныртæккæ цæуын жерьебевкæмæ, цæй рæстæджы фæбæрæг уыдзæн, хайадисджытæй чи кæй фæстæ хиздзæн сценæмæ", — радзырдта зарæггæнæг.
Конкурсы Лалийæн аккомпанемент кæндзæн пианист Дмитрий Григорцевич.
"Ис мын диссаджы пианист — Дмитрий Григорцевич. Уый уыд Цхинвалы, фенын дзы кодта мастер-класстæ. Тынг æхсызгон мын у йемæ кусын", — загъта Лали.
Хæбæлаты Лали у Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны рауагъдон, ныртæккæ ахуыр кæны Гнесинты номыл Уæрæсейаг музыкалон академийы, курдиатджын зарæггæнæг, диссаджы сопранойы хицау.
Хуссар Ирыстоны культурæйы министрад финансон баххуыс бакодта зарæггæнæгæн конкурсмæ ацæуыны тыххӕй.
Ацы аз конкурсмæ лæвæрд æрцыд курдиæтты рекордон нымæц — 175 адӕймаджы дунейы 14 бæстæйæ. Финалмæ ахизыныл æмæ лауреаты нæмттыл тох кæндзысты зарæггæнджытæ Абхаз, Сомихстон, Белорусси, Казахстан, АИШ, Хуссар Корея, Украинæ, Эстони, Литва, Латви æмæ Хуссар Ирыстонæй. Ацы аз конкурсы фыццаг хатт хайад райсдзысты зарæггæнджытæ Монголи æмæ Стыр Британийæ.