"Æнæмæлгæ полк" æмбырд кæны информаци Фыдыбӕстӕйон хӕсты фæмардуæвджыты тыххæй

© Sputnik / Ада Багиан"Æнæмæлгæ полк" Цхинвалы
Æнæмæлгæ полк Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Штабмæ ныридæгæн цæуынц куырдиæттæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи бабын, уыдон хæстæджытæй. Хуссар Иры æмбæстæгтæй дарддæр ма штабмæ æрвитынц Цæгат Ирыстоны цæрджыты историтæ æмæ къамтæ.

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æфсæддон-патриотикон акцитæ аразыны штаб къуырисæры райдыдта аразын "Æнæмæлгæ полк", фехъусын кодта Sputnik паддзахадон мадзæлттæ аразыны фæдыл президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ.

Акцийы нысан у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи бабын æмæ æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон нæмттæ иууылдæр сбæрæг кæнын.

Штабмæ ныридæгæн цæуынц куырдиæттæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи бабын, уыдон хæстæджытæй. Хуссар Иры æмбæстæгтæй дарддæр ма штабмæ æрвитынц Цæгат Ирыстоны цæрджыты историтæ æмæ къамтæ.

"Ацы акцийæн ис иунæг нысан — цæмæй Хуссар Иры мауал уа æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгтæ. Мах курæг стæм æхсæнадæй, цæмæй нын баххуыс кæной нæ бацагуырды. Кæд искæмæ ис хæсты быдыры фæмардуæвæг хъайтарты тыххæй информаци, къамтæ, уæд сæ фехъусын кæнæт штабы кусджытæн. Æхсæнады æххуысæй мах хъуамæ саразæм ахæм полк, кæцы суыдзæн фæстаг. Нæ архайд здæхт у, цæмæй рæзгæ фæлтæр ма рох кæна хъайтарты рухс нæмттæ", — банысан кодта Зассеты Жаннæ.

Акци ма уагъд цыд 2015 азы. Уæлахизы парады Цхинвалы централон фæзуатыл уæд рацыдысты 3 870 адӕймаджы сæ фыдтæ, дадатæ æмæ стыр дадаты къамтимæ. Ацы идейæ æрбангом кодта адæмы æмæ уыдон райстой активон хайад цыды.

"Фарон, Уæлахизы парады байкертæ рахастой афтид фæлгæттæ " Æбæрæгæй фесæфæг" фыстимæ, цыран уыд нысан фесæфæджы ном æмæ мыггаг. Уый уыд тынг зæрдæмæхъаргæ. Ацы аз мах æнхъæлмæ кæсæм æбæрæгæй фесæфæг адæмы хæстæджытæй уæлæмхас информаци æмæ къамтæ, цæмæй ахæм афтид фæлгæттæ Уæлахизы парады рæстæджы уа куыд гæнæн ис, афтæ къаддæр. Фарон бирæтæн рæстæгыл нæ бантыст къамтæ ссарын, фæлæ нæ ныфс ис, ацы аз сæ рӕстæгыл кæй æрбахæсдзысты штабмæ", — банысан кодта президенты уынаффæгæнæг.

Уымæй дарддæр ма, организатортæ фæнд кæнынц ноджы иу акци ауадзын "Æнæмæлгæ полк 2". Хуссар Ирыстоны 1989 — 2008 азты чи фæмард æмæ æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хæстæджытæ рацæудзысты сæ къамтимæ.

"Æнæмæлгæ полк нын тынг нысаниуæгджын у. Мах хъуамæ нæ рæзгæ фæлтæрты зæрдыл дарæм, кæддæр йæ рухс фидæны тыххæй йæ фыдæлтæй чидæр йæ цард кæй радта. Уый алкæмæн дæр у йæ хæс, мах хæсджын стæм ацы хъайтарты раз. Хъайтарты нæмттæ иууылдæр куы снысан кæнæм, уæд баввахс уыдзыстæм нæ сæйраг нысанмæ — ма ферох кæнæм æмæ зæрдыл дарæм, абон цы сабыр рæстæг цæрæм, уый сæрыл чи тох кодта, уыцы хъайтарты нæмттæ", — загъта уый.

Æфсæддон-патриотикон акцитæ аразыны фæдыл штаб ис Цхинвалы ахæм адресыл — Сталины уынг, 19, гом у кусгæ бонты 9-17 сахатмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0