Хуссарирыстойнаг тренер: туркаг фанаттæ æмæ тренер сæхи равдыстой тынг æнæгъдау

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæВолейболисткæ
Волейболисткæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг тренер сарæзта комментарий туркаг фанаттæ æмæ тренеры "æнæспортивон" уагахасты тыххæй стамбулаг "Галатасарай" æмæ краснодараг "Динамо"-йы волейболисткæты матчы æхсæн.

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Туркаг волейболон командæ "Галатасарай"-ы сæйраг тренер æмæ туркаг фанатты уагахаст краснодараг "Динамо"-имæ матчы уыд æнæгъдау, загъта Sputnik æртыццæджы волейболæй Хуссар Ирыстоны сывæллæтты æмбырдгонды тренер Цхуырбаты Вадим.

Стамбулы дыццæджы уыд Европæйаг конфедерацийы Кубокы матч бынæттон "Галатасарай" æмæ краснодараг "Динамо"-йы æхсæн. Стамбулаг клубы фарсхæцджытæ уæрæсейаг волейболисткæтыл æхстой бырæттæ, туркаг командæйы тренер ӕвдыста йӕ астæуккаг æнгуылдз.

"Спортсментæ алыхаттдæр уыдысты политикæйæ æдде, фæлæ сæйраг тренер æмæ туркаг фанаттæ цы равдыстой, уый ахызт æгъдауы фæлгæттæй. Мæ нымадмæ гæсгæ уæрæсейаг спортсментæ хъуамæ мауал цæуой уыцы бæстæтæм, цыран сын ис ахæм "цытлæвæрд", — загъта хуссарирыстойнаг тренер.

Уый ма банысан кодта, кæд æмæ хуссарирыстойнаг командæ арæх фæцæуы республикæйы æрæнтæй, уæддæр йæ практикæйы ахæм æнæхсæстдзинад никуыма уыд.

"Нæ спортсментæн алыхаттдæр амæ алкуыдæр уыд стыр цытлæвæрд. Зын мын у сфæлгондзын, цы банкъардтой уæрæсейаг волейболисткæтæ Стамбулы", — банысан кодта Цхуырбаты Вадим.

Ног хабӕртты лентӕ
0