"Бонвӕрнон"-ыл сӕххӕст 15 азы

Рафыссын
"Бонвӕрнон" йӕ юбилейон концерты равдыста хуыздӕр номыртӕ зарынӕй, аив бакастӕй, музыкалон иструменттыл цӕгъдынӕй ӕмӕ кафынӕй.

Цхинвалы сывӕллӕтты скъола-студи "Бонвӕрнон" йӕ 15 азы юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон концертмӕ ӕрӕмбырд кодта йедзаг зал. Профцӕдисты бӕстыхаймӕ аивдзырды чысыл дӕснытӕ, вокалисттӕ ӕмӕ кафджыты арӕхстдзинадӕн саргъ кӕнынмӕ уыйбӕрц адӕм ӕрбацыд ӕмӕ сын залы ӕрбадӕн дӕр нал уыд.

Концерт ахаста дыууӕ сахатӕй фылдӕр. Райдайӕны уал скъола-студийы хъомылгӕнингӕтӕ равдыстой музыкалон инстурменттыл цӕгъдыны номыртӕ.

Адӕмы размӕ рахастой номдзыд композитортӕ Михаил Глинка, Иоганн Мендель, Фредерик Шопен, Ӕлборты Феликс ӕмӕ бирӕ ӕндӕрты уацмыстӕ. Уый фӕстӕ ахуырдзаутӕ аив кастысты Хетӕгкаты Къоста, Марина Цветаева ӕмӕ ӕндӕр номдзыд поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ. Чысыл артисттыл адӕм ӕмбӕлдысты тыхджын къухӕмдзӕгъдимӕ. Уыдоны курдиат бамбӕрзта, рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ-иу залы цы техникон згъуыдтытӕ фӕзынд, уыдон дӕр.

Скъола-студи "Бонвӕрнон" арӕзт ӕрцыд 2001 азы Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы дӕлбар. Ныридӕгӕн ам аивады хицӕн здӕхӕнтыл цайдагъ кӕнынц 60 ахуырдзауӕй фылдӕр. Уыдон "Бонвӕрнон" цӕттӕ кӕны музыкалон инструменттыл цӕгъдынӕй, аив кӕсынӕй, зарынӕй ӕмӕ ритмикӕйӕ.

Скъола-студи "Бонвӕрнон"-ы артисттӕ ма ӕнтыстджынӕй архайынц алыгъуызон конкурсты. Ссисты Туркы, Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ ӕндӕр горӕтты уагъдцӕуӕг конкурсты призертӕ.

© Sputnik / Алексей КовалевСкъола-студи "Бонвӕрнон" арӕзт ӕрцыд 2001 азы Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы дӕлбар.
Скъола-студи Бонвӕрнон арӕзт ӕрцыд 2001 азы Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы дӕлбар. - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/16
Скъола-студи "Бонвӕрнон" арӕзт ӕрцыд 2001 азы Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы дӕлбар.
© Sputnik / Алексей Ковалев"Бонвӕрнон" йӕ юбилейон концерты равдыста хуыздӕр номыртӕ зарынӕй, аив бакастӕй, музыкалон истументтыл цӕгъдынӕй ӕмӕ кафынӕй.
Бонвӕрнон йӕ юбилейон концерты  равдыста хуыздӕр номыртӕ зарынӕй, аив бакастӕй, музыкалон истументтыл цӕгъдынӕй ӕмӕ кафынӕй. - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/16
"Бонвӕрнон" йӕ юбилейон концерты равдыста хуыздӕр номыртӕ зарынӕй, аив бакастӕй, музыкалон истументтыл цӕгъдынӕй ӕмӕ кафынӕй.
© Sputnik / Алексей КовалевКонцерт ахаста дыууӕ сахатӕй фылдӕр.
Концерт ахаста дыууӕ сахатӕй фылдӕр. - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/16
Концерт ахаста дыууӕ сахатӕй фылдӕр.
© Sputnik / Алексей КовалевКонцертмӕ аивдзырды чысыл дӕснытӕ, вокалисттӕ ӕмӕ кафджыты арӕхстдзинадӕн саргъ кӕнынмӕ уыйбӕрц адӕм ӕрбацыд ӕмӕ сын залы ӕрбадӕн дӕр нал уыд.
Концертмӕ  аивдзырды чысыл дӕснытӕ, вокалисттӕ ӕмӕ кафджыты арӕхстдзинадӕн саргъ кӕнынмӕ уыйбӕрц адӕм ӕрбацыд ӕмӕ сын залы ӕрбадӕн дӕр нал уыд. - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/16
Концертмӕ аивдзырды чысыл дӕснытӕ, вокалисттӕ ӕмӕ кафджыты арӕхстдзинадӕн саргъ кӕнынмӕ уыйбӕрц адӕм ӕрбацыд ӕмӕ сын залы ӕрбадӕн дӕр нал уыд.
© Sputnik / Алексей КовалевАхуырдзаутӕ аив кастысты Хетӕгкаты Къоста, Марина Цветаева ӕмӕ ӕндӕр номдзыд поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ.
Ахуырдзаутӕ аив кастысты Хетӕгкаты Къоста, Марина Цветаева ӕмӕ ӕндӕр номдзыд поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/16
Ахуырдзаутӕ аив кастысты Хетӕгкаты Къоста, Марина Цветаева ӕмӕ ӕндӕр номдзыд поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ.
© Sputnik / Алексей Ковалев"Бонвӕрнон" йӕ юбилейон концерты равдыста хуыздӕр номыртӕ.
Бонвӕрнон йӕ юбилейон концерты  равдыста хуыздӕр номыртӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/16
"Бонвӕрнон" йӕ юбилейон концерты равдыста хуыздӕр номыртӕ.
© Sputnik / Алексей КовалевРайдайӕны уал скъола-студийы хъомылгӕнингӕтӕ равдыстой музыкалон инструменттыл цӕгъдыны номыртӕ.
Райдайӕны уал скъола-студийы хъомылгӕнингӕтӕ равдыстой музыкалон инстурменттыл цӕгъдыны номыртӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/16
Райдайӕны уал скъола-студийы хъомылгӕнингӕтӕ равдыстой музыкалон инструменттыл цӕгъдыны номыртӕ.
© Sputnik / Алексей Ковалев"Бонвӕрнон" йӕ 15 азы юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон концертмӕ ӕрӕмбырд кодта йедзаг зал.
Бонвӕрнон йӕ 15 азы юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон концертмӕ ӕрӕмбырд кодта йедзаг зал. - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/16
"Бонвӕрнон" йӕ 15 азы юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон концертмӕ ӕрӕмбырд кодта йедзаг зал.
© Sputnik / Алексей КовалевЧысыл артисттыл адӕм ӕмбӕлдысты тыхджын къухӕмдзӕгъдимӕ.
Чысыл артисттыл адӕм ӕмбӕлдысты тыхджын къухӕмдзӕгъдимӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/16
Чысыл артисттыл адӕм ӕмбӕлдысты тыхджын къухӕмдзӕгъдимӕ.
© Sputnik / Алексей КовалевСывӕллӕтты "Бонвӕрнон" цӕттӕ кӕны музыкалон инструменттыл цӕгъдынӕй, аив кӕсынӕй, зарынӕй ӕмӕ ритмикӕйӕ.
Сывӕллӕтты Бонвӕрнон цӕттӕ кӕны музыкалон инструменттыл цӕгъдынӕй, аив кӕсынӕй, зарынӕй ӕмӕ ритмикӕйӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
10/16
Сывӕллӕтты "Бонвӕрнон" цӕттӕ кӕны музыкалон инструменттыл цӕгъдынӕй, аив кӕсынӕй, зарынӕй ӕмӕ ритмикӕйӕ.
© Sputnik / Алексей КовалевУӕлдай хъусдард студийы здӕхт цӕуы фортепианойыл цӕгъдын сахуыр кӕнынмӕ.
Уӕлдай хъусдард студийы здӕхт цӕуы фортепианойыл цӕгъдын сахуыр кӕнынмӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
11/16
Уӕлдай хъусдард студийы здӕхт цӕуы фортепианойыл цӕгъдын сахуыр кӕнынмӕ.
© Sputnik / Алексей Ковалев"Бонвӕрнон"-ы сӕргълӕууӕг Тедеты Аленӕ йӕ ахуыргӕнинагимӕ.
Бонвӕрнон-ы сӕргълӕууӕг Тедеты Аленӕ йӕ ахуыргӕнинагимӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
12/16
"Бонвӕрнон"-ы сӕргълӕууӕг Тедеты Аленӕ йӕ ахуыргӕнинагимӕ.
© Sputnik / Алексей КовалевАдӕмы размӕ ӕвзонг артисттӕ рахастой номдзыд композитортӕ Михаил Глинка, Иоганн Мендель, Фредерик Шопен, Ӕлборты Феликс ӕмӕ бирӕ ӕндӕрты уацмыстӕ.
Адӕмы размӕ ӕвзонг артисттӕ рахастой номдзыд композитортӕ Михаил Глинка, Иоганн Мендель, Фредерик Шопен, Ӕлборты Феликс ӕмӕ бирӕ ӕндӕрты уацмыстӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
13/16
Адӕмы размӕ ӕвзонг артисттӕ рахастой номдзыд композитортӕ Михаил Глинка, Иоганн Мендель, Фредерик Шопен, Ӕлборты Феликс ӕмӕ бирӕ ӕндӕрты уацмыстӕ.
© Sputnik / Алексей КовалевНыридӕгӕн студийы аивады хицӕн здӕхӕнтыл цайдагъ кӕнынц 60 ахуырдзауӕй фылдӕр.
Ныридӕгӕн ам аивады хицӕн здӕхӕнтыл цайдагъ кӕнынц 60 ахуырдзауӕй фылдӕр. - Sputnik Хуссар Ирыстон
14/16
Ныридӕгӕн студийы аивады хицӕн здӕхӕнтыл цайдагъ кӕнынц 60 ахуырдзауӕй фылдӕр.
© Sputnik / Алексей КовалевСфӕлдыстадон изӕры архайдтой канд скъола-студийы ахуырдзаутӕ нӕ, фӕлӕ ма сӕ рауагъдонтӕй кӕцыдӕртӕ дӕр.
Сфӕлдыстадон изӕры архайдтой канд скъола-студийы ахуырдзаутӕ нӕ, фӕлӕ ма сӕ рауагъдонтӕй кӕцыдӕртӕ дӕр. - Sputnik Хуссар Ирыстон
15/16
Сфӕлдыстадон изӕры архайдтой канд скъола-студийы ахуырдзаутӕ нӕ, фӕлӕ ма сӕ рауагъдонтӕй кӕцыдӕртӕ дӕр.
© Sputnik / Алексей КовалевСкъола-студи "Бонвӕрнон"-ы артисттӕ ма ӕнтыстджынӕй архайынц алыгъуызон конкурсты. Ссисты Туркы, Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ ӕндӕр горӕтты уагъдцӕуӕг конкурсты призертӕ.
Скъола-студи Бонвӕрнон-ы артисттӕ ма ӕнтыстджынӕй архайынц алыгъуызон конкурсты. Ссисты Туркы, Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ ӕндӕр горӕтты уагъдцӕуӕг конкурсты призертӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
16/16
Скъола-студи "Бонвӕрнон"-ы артисттӕ ма ӕнтыстджынӕй архайынц алыгъуызон конкурсты. Ссисты Туркы, Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ ӕндӕр горӕтты уагъдцӕуӕг конкурсты призертӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0