Фӕсивӕдон театр "Амыран" ӕрцӕудзӕн гастролты Цхинвалмӕ

© Sputnik / Ада БагианРХИ паддзахадон театр
РХИ паддзахадон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Худыны боны цытӕн фӕсивӕдон театр "Амыран" равдисдзӕн хиирхӕфсӕн программӕ Цхинвалы цӕрджытӕн.

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдон театр "Амыран" Цхинвалы равдисдзӕн хиирхӕфсӕн программӕ "Пародиты изӕр", фехъусын кодтой Sputnik РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

"Амыран"-ы артисттӕ ӕрцӕудзысты Цхинвалмӕ нӕ комитеты фӕхуындмӕ гӕсгӕ. Фӕсивӕдон театры артисттӕ ратдзысты гом концерт киноконцертон зал "Чермен"-ы 5 апрелы", — загътой уагдоны пресс-службӕйы.

Студи "Амыран" арӕзт ӕрцыд 2001 азы Цӕгат Ирыстоны Хӕххон аграрон университеты курдиатджын фӕсивӕды тыхтӕй. Уӕдӕй нырмӕ артисттӕ ауагътой мин концерты онг, ис сын бирӕнымӕц хорзӕхтӕ. Труппӕйы сконды ис Хуссар Ирыстоны ӕртӕ сгуыхт артистӕ, Цӕгат Ирыстоны ӕхсӕз сгуыхт артисты ӕмӕ иу та адӕмон артист.

Ног хабӕртты лентӕ
0