Цхинвал, 31 март — Sputnik. Æрфарст Sputnik.Цæстæнгасы бæрæггæнтæм гæсгæ, италийæгты (66%), немыцæгты (63%) æмæ французæгты (63%) фылдæр хайы фæнды æндæр бæстæтимæ ассоциацийы фарст скъуыддзаг кæнын æппæтадæмон референдумы руаджы. Ацы бæрæггæнæнтæ райст æрцыдысты иртасæн компанитæ Populus æмæ Ifop информацион агентад æмæ радио Sputnik цы æрфарст ауагътой, уый фæстиуæгæн.
Нидерландты 6 апрелы уагъд æрцæудзæн референдум Украинæ æмæ Евроцæдисы ассоциацийы фæдыл. Sputnik.Цæстæнгасы æрфарстмæ гæсгæ æндæр бæстæтимæ ассоциацийы фæдыл референдум ауадзыны тыххæй иууыл активондæр сты италийæгтæ: Италийы цæрджыты 66% фæнды Евроцæдисы "ног уæнгты" хъысмæт скъуыддзаг кæнын референдумы рæстæджы. Ахæм хъуыдыйыл хæст ма сты Германи æмæ Францы цæрджыты фылдæр хай дæр — алкæцы бæстæйы дæр фæйнæ 63%.
Æхсæнадон цæстæнгас раиртасыны фæдыл æхсæнадæмон проект йæ куыст райдыдта 2015 азы январы. Партнертæ ссисты зындгонд иртасæн компанитæ Populus æмæ Ifop, рагон французаг компани, кæцы кусы æхсæнадон цæстæнгасы æрфарсттыл. Sputnik.Цæстæнгасы фæлгæтты уагъд цæуынц æхсæнадон æрфарстытæ Европæйы бæстæты æмæ АИШ-ы иууыл актуалондæр социалон æмæ политикон фарстыты фæдыл.
Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты сайттӕ, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.