Æдасдзинады комитет фæкарздæр кæндзæн фæсарæйнаг æмбæстæгты контроль

© Sputnik / Диана КозаеваУадзæн пунк "Уæллаг Рукъ"
Уадзæн пунк Уæллаг Рукъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æдасдзинады фæкарздæргонд методтæ баст сты дунейон террористон тасы æмæ республикæмæ æнæконтролæй цæуæг фæсарæйнаг æмбæстæгты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон æдасдзинады комитет фæнд кæны æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр кæнын дунейон террористон тасы хæрдмæцыды ныхмæ. Сæрмагондæй, ПÆК уадзы мадзæлттæ республикæйы фæсарæйнаг æмбæстæгты уæвынады закъондзинад хъахъхъæныны фæдыл, фехъусын кодта ведомствӕйы пресс-службæ.

Уый бамбарын кодта, Хуссар Ирыстоны рæстæгмæ уæвæг фæсарæйнаг æмбæстæгтæ кæй хъуамæ цæрой, цы адæм сæ фæхуыдтой, уыдон куырдиæтты цы адрес нысан ис, уым.

Кæд æмæ фактон цæрæнбынат хицæн кæна раздæр банысангонд адресæй, уæд фæхонæг фарс хæсдзæн æрмæст административон æфхæрд нæ, фæлæ ма уголовон дæр.

"Ацы хъуыддаджы æхцайы ивар бæрц гæнæн ис æмæ схиза 500 мин соммæ", — банысан кодтой пресс-службæйы.

ПÆК-ы минæвар ма загъта, райстгонд мадзæлттæ кæй сты æнæмæнгхъæуæг, дунейон террористон тас бонæй бон карздæр кæй кæны, уый хынцгæйæ æмæ кæй фылдæр кæны республикæмæ цæуæг æмæ æнæзакъонон фæллойадон архайд чи кæны, уыцы фæсарæйнаг æмбæстæгты нымæц.

Ног хабӕртты лентӕ
0