ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æмæ уæрæсейаг цыппæрæм æфсæддон базæйы иумæйаг ахуыртæ ахъаз сты дыууæ бæстæйы æфсæддон службæгæнджыты æхсæн æмгуыстадон æмæ хæларадон ахастытæ фидар кæнынæн, загъта Sputnik хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Тасойты Дмитрий.
Ивгъуыд къуыри "Тарскæ"-йы полигоны уагъд æрцыдысты РХИ гарзджын тыхты æмæ 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы реактивон-артиллерион дæлхæйтты сæрмагонд сконды нывæзтон ахуыртæ.
Ахуырты къухдариуæггæнджытæ, Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты артиллерион дæлхæйтты æмæ уæрæсейаг æфсæддон базæйы командиртæ райгондæй баззадысты ахуырты фæстиуджытæй.
"Ахæм ахуыртæ дæттынц фæлтæрддзинад хуссарирыстойнаг æфсæддонтæн æмæ фидар кæнынц дыууæ бæстæйы æфсæддон службæгæнджыты æхсæн æмгуыстадон æмæ хæларадон ахастытæ. Ахæм мадзæлттæ хъæуы уадзын дарддæр дæр æфсæддон службæгæнджыты цæттæдзинад бæрзонддæр кæныны нысанæн", — дзуры депутат.
Тасойты Дмитрийы ныхæстæм гæсгæ, иумæйаг ахуыртæ æнгомдæр кæнынц уæрæсеимæ интеграцион процесстæ æмæ дзуапп дæттынц æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырдæн.
"Хуссар Ирыстон у Гуырдзыстонмæ тынг ӕввахс. Æмæ йын Уæрæсейы æрдæм ис æрмæстддæр иу ахсджиаг магистраль — Транскам, кæцыимæ баст у республикæйы уæвынад. Цалынмæ Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонæн тыхæй ма спайда кæныны гарантитæ дӕтта, уæдмæ республикæйы сабырад баст у УФ æмæ РХИ Гарзджын тыхты æмгуыстадимæ", — нымайы Тасойты Дмитрий.
Уый фидарæй уырны, Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты хицæн дæлхæйттæ уæрæсейаг æфсады скондмæ куы бацæуой, уæд Хуссар Ирыстоны æфсады цæттæдзинад, хæстхъомдзинад, техникон, материалон æмæ социалон ифтонгады æмвæзад кæй фæфылдæр уыдзæн бирæхатт.