Цхинвалы рабӕрӕг кӕндзысты хуыздӕр шахматисты

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы рабӕрӕг кӕндзысты хуыздӕр шахматисты
Цхинвалы рабӕрӕг кӕндзысты хуыздӕр шахматисты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууӕ боны дӕргъы республикӕйы 12 фидардӕр хъазӕджы тох кӕндзысты бӕстӕйы хуыздӕр шахматисты ном райсыныл. Ерыстӕ цӕудзысты 11 турӕй.

ЦХИНВАЛ, 1 апр- Sputnik. Цхинвалы ӕппӕтреспубликон турниры рабӕрӕг кӕндзысты хуыздӕр шахматисты, фехъусын кодта Sputnik Шахматон федерацийы президент Саулохты Георгий.

Дыууӕ боны дӕргъы республикӕйы 12 фидардӕр хъазӕджы тох кӕндзысты бӕстӕйы хуыздӕр шахматисты ном райсыныл.

"Ӕппӕтреспубликон турнир шахматтӕй Хуссар Ирыстоны нал цыд советон дугӕй фӕстӕмӕ, ӕмӕ нын, уымӕ гӕсгӕ, уӕлдай ӕхсызгон у йӕ уадзын. Хъазджыты ‘хсӕн уыдзӕн скъоладзаутӕ дӕр. Ерыстӕ цӕудзысты 11 турӕй", — загъта Саулохты Георгий.

Уый ма бафтыдта, турниры хайадисджы категори хъуамӕ уа дыккаг къӕпхӕнӕй бӕрзонддӕр.

Турнир цӕудзӕн 2-3 апрелы. Мадзал организацигонд цӕуы фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет ӕмӕ Шахматты федерацийы тыхтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0