Дзауы уагъд ӕрцӕудзӕн ӕппӕтреспубликон турнир рог атлетикӕйӕ

© Sputnik / Аида ГагиеваРог атлетикӕ
Рог атлетикӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рог атлетикӕйы турнир ӕрӕмбырд кӕндзӕн Дзауы районмӕ100 скъоладзауы республикӕйы алы къуымтӕй.

ЦХИНВАЛ, 1 апр- Sputnik. Ӕвзонг хуссарирыстойнаг спортсментӕ 3 апрелы сӕ тыхтӕ бавзардзысты рог атлетикӕйы ӕппӕтреспубликон турниры Дзауы районы, фехъусын кодта Sputnik рог атлетикӕйы скъолайы директор Цъӕхилты Игорь.

Турниры хайад райсдзӕн 100 скъоладзауы, куыд чызджытӕ, афтӕ лӕппутӕ дӕр. Тыхджындӕртӕ райсдзысты грамотӕтӕ ӕмӕ призтӕ.

"Чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ ерыс кӕндзысты хицӕнӕй, стӕй ма спортсментӕ дих уыдзысты дыууӕ къордыл — хистӕр ӕмӕ кӕстӕр кары. Кӕстӕр кары чызджытӕ лидзысты 500 метры дистанцимӕ, хистӕртӕ та иу километр. Лӕппутӕн сӕ хӕслӕвӕрдтӕ уыдзысты зындӕр — кӕстӕртӕ лидзысты иу километр, хистӕртӕ та — иу ӕмӕ ӕрдӕг", — загъта Цъӕхилты Игорь.

Уый ма банысан кодта, ӕппӕтреспубликон турнир уагъд кӕй ӕрцӕудзӕн Дзауы районы.

"Фӕстӕдӕр ахӕм турниртӕ ацӕудзысты иннӕ районты дӕр, цӕмӕй хъӕуты фӕсивӕды дӕр спортыл фӕцайдагъ кӕнӕм", — бафтыдта тренер.

Турнир организаци цӕуы рог атлетикӕйы фӕдерацийы тыхтӕй РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты ӕмархайдӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0