Цхинвалы фæстаг хæрзбон зæгъдзысты "æцæг" ветерантæй иуæн

© Архивное фотоСтыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Æрсойты Павел, архивон къам
Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Æрсойты Павел, архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йæ цардæй ахицæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Æрсойты Павел, кæцы ныххæццæ Берлинмæ, хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйон хæсты 1 къæпхæны орденæй, орден "Красная звезда" æмæ бирæнымæц майдантæй.

ЦХИНВАЛ, 1 апр — Sputnik, Хъотайты Мария. Йæ цардæй 91-кардзыдæй ахицæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Æрсойты Павел, кæцы йæ цардæй 38 азы снывонд кодта æфсæддон службæйæн. Карело-Финнаг, Белорусаг æмæ Балтигæрон фронттæ, Польшæ, Германи, Финлянди рацæугæйæ, уый нал фæцард йæ уарзон Уæлахизы бонмæ иу мæй.

Уый хорз зонгæ уыд цхинвайлæгтæй алкæмæн дæр. 9 майы парады-иу хицæн кодта æфсæддон ралæуд æмæ бирæнымæц хорзæхтæй фæлыст мундирæй.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд фронтмæ ацыдысты сæ хæдзарвæндаджы нæлгоймæгтæ иууылдæр — фыд æмæ æртæ лæппуйы, кæстæр сæ уыд Павел.

Павел ахуыр кодта снайпертæ цæттæгæнæн æмæ æфсæддон танкон скъолаты. Уыд сапер, бастдзинады кусæг æмæ танкист.

Хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйон хæсты орденæй, орден "Красная звезда" æмæ 20 майданæй. Æппæт зындзинæдтæ рацæугæйæ, уый раздæхт сабыр цардмæ æмæ 35 азы куыста музыкалон ахуыргæнæндоны хæдзарады гæсæй.

Павел Тугъаны фыртæн тынг зынаргъ уыдысты йæ фронты бонты мысинæгтæ. Æрвылаз йæхи бæстонæй цæттæ кодта Уæлахизы парадмæ, рæзгæ фæлтæрæн кодта йæ хæсты дуджы фыдæвзарæнты хабӕрттӕ.

Информацион агентад Sputnik нæ бантыст, цы радзырдты æмбырдгонд цæттæ кæны, уырдæм Павел Тугъаны фырты бахæссын. Алкæцы ветераны радзырд дæр у зынаргъ. Æрмæстддæр ацы адæм сты историйы æнæдызæрдыг æвдисæнтæ, кæцы мах мацæй тыххæй хъуамæ ма ферох кæнæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0