Шахматтӕй ӕппӕтреспубликон турниры уӕлахиздзау ссис Саулохты Георгий

© Sputnik / Сергей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæШахматтӕй ӕппӕтреспубликон турнир
Шахматтӕй ӕппӕтреспубликон турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турниры ма иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ равдыста скъола "Альбион"-ы 15-аздзыд ахуырдзау Валерий Халин - уый бацахста дыккаг бынат. Чысыл лӕмӕгъдӕр разынд Гӕбӕраты Ацӕмӕз, фӕлӕ уый дӕр баххӕст кодта призерты нымӕц.

ЦХИНВАЛ, 4 апр- Sputnik. Цхинвалы ӕппӕтреспубликон турниры шахмӕттӕй фӕбӕрӕг сты хуыздӕр хъазджытӕ. Дыууӕ боны ерысты фӕстиуӕгӕн фыццаг бынат бацахста Саулохты Георгий, афтӕ ма призерты нымӕц баххӕст кодтой Валерий Халин ӕмӕ Гӕбӕраты Ацӕмӕз, фехъусын кодта Sputnik РХИ Шахматон федерацийы.

Ӕппӕтреспубликон турнир шахматтӕй Хуссар Ирыстоны нал цыд советон дугӕй фӕстӕмӕ. Шамхатты федераци фӕнд кӕнын сног кӕнын шахматты клубты ӕмӕ скъолаты секциты куыст.

"Ӕз ӕй куыд хъуыды кӕнын, афтӕмӕй ныр 25-30 азы дӕргъы нал уыд ахӕм турниртӕ. Ерысты архайдтой спорты мастертӕ, фыццаг ӕмӕ дыккаг къӕпхӕны хъазджытӕ. Ацы турнир уыд нӕ фыццаг фӕлварӕн, дарддӕр нӕ ныфс ис, ацы здӕхӕн кӕй сӕндзиндзын кӕндзыстӕм ", — загъта Саулохты Георгий.

Уый ма бафтыдта, ацы азы дӕргъы Шахматон федераци кӕй фӕнд кӕны ауадзын Ирыстоны хъайтар Санахъоты Гришик ӕмӕ зынгӕ ирон фыссӕг ӕмӕ шахматист Гобозты Валерийы номарӕн турниртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0