ӔНРС сарӕзтой дыргъдон

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæСаженцы, готовые к высадке.
Саженцы, готовые к высадке. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Æрыгон натуралистты республикон станцы хъомылгæнинæгтæ ныссагътой халсарон бæлæстæ. Ахуыргæнинæгтæн равдыстой куыд хъæуы хъомыл кæнын зайæгойтæ æмæ бæлæстæ.

ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik. Æрыгон натуралистты станцы кусджытæ æмæ хъомылгæнинæгтæ цыппæрæмы уагдоны территорийыл ныссагътой дыргъдон. Æввахс рæстæджы уыцы бæлæстæ æрмæст рæсугъд не скæндзысты территори, фæлæ ма дæтдзысты тыллæг дæр. Уыдоны æхсæн — 10 фæткъуыйы сорты, мугæ æмæ цалдæр хуызы кæрдо, фехъусын кодта Sputnik Æрыгон натуралистты республикон станцы (ÆНРС) директор Мæргъиты Ирбег.

"Æрвылаздæр, уалдзæджы æрбалæудимæ, нæ ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнинæгтæ ныссадзынц алыгъуызон дыргъты бæлæстæ, къутæртæ æмæ дидинджытæ. Сывæллæттæн бацамонынц, куыд хъæуы раст садзын æмæ хъомыл кæнын зайæгойтæ. Сывæллæттæ тынг цымыдис кæнынц, цыдæриддæр мадзæлттæ уадзæм, уыдонмæ",- загъта Мæргъиты Ирбег.

Дыргъты талатæй дарддæр ма, ÆНРС-ы ма сагъд æрцыдысты цалдæр хуыз хъæддаг къутæртæ.

Мæргъиты Ирбегы ныхæстæм гæсгæ, иннæ къуыри уыдон хуамæ ныссадзой цалдæр сорты сæнæфсиры талатæ. Талатæ хъуамæ æрласой Краснодары крайæ. Куыддæр Цхинвалмæ æрхæццæ уой, афтæ æрыгон натуралисттæ æрæвналдзысты сæ садзынмæ. Афтæ ма ныссаддзысты дидинты ног сорттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0