Уæлахизы бонмæ Sputnik Хуссар Ирыстон расидт акци социалон хызæгты

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæПодготовка к открытию Петербургского экономического форума
Подготовка к открытию Петербургского экономического форума - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik Хуссар Ирыстон расидт проект "Ацы Уæлахиз æрхаста...", цæй фæлгæтты алкæмæн дæр фадат ис йæ хæстæджытæ кæнæ зонгæтæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи тох кодта, уыдон тыххæй радзурын.

ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты (1941 — 1945) Уæлахизы боны цытæн, информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон расидт мультимедион проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…".

Ацы проекты фыццаг этап суыдзæн интерактивон акци социалон хызæгты, цæй фæлгæтты соцхызæгтæй пайдагæнджытæй акæмæн дæр фадат уыдзæн йæ хæстæджытæ кæнæ зонгæтæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты чи тох кодта, уыдон тыххæй радзурын. Радзырд, къамтæ кæнæ документтæ хъæуы æрбавдисын Sputnik Хуссар Ирыстон официалон къордтæ Facebook, ВКонтакте кæнæ OK, цæй фæстæ интернет-пайдагæнджыты историтæ æвæрд æрцæудзысты социалон хызæгты ног хабæртты лентæйы.

Проекты фыццаг хайадисæг ссис Sputnik Хуссар Ирыстон уацхæссæг Хъотайты Мария, кæцы фехъусын кодта йæ дада Хъотайты Герсаны истори. Проекты иууыл ирддæр историтæ мыхуыр æрцæудзысты портал Sputnik Хуссар Ирыстон уырыссаг æмæ националон верситы.

Проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…"-йы дыккаг этап та райдайдзæн Sputnik Хуссар Ирыстон порталыл апрелы æмбисы æмæ радзурдзæн интервью, видео æмæ фотолентæты форматы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты æмæ Уæлахизмæ сæ хайбавæрды тыххæй историтæ.

Республикæйы æфсæддон коммисариаты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронттæм Хуссар Ир арвыста 20 мин хъæбулы, тохы быдыры уыдонæй фæмард дæс мин хæстоны, авд минæй фылдæр та дзы фесæфт æбæрæгæй. Хуссар Ирыстоны минæварады УФ-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты сæ сгуыхтдзинæдты тыххæй, Ирыстоны минæвæрттæй 34-æн лæвæрд æрцыдысты Советон цæдисы Хъайтары нæмттæ.

Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты сайттӕ, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0