ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik. Уæрæсейы закъæттæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хицæн хæйтæн нæй гæнæн бацæуын уæрæсейаг æфсады скондмæ, уымæ гæсгæ дыууæ бæстæты æхсæн æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды уæлæмхас пунктты æрцæудзæн нысан, цæмæй хуссарирыстойнаг æфсæддонты райсой уæрæсейаг базæтæм. Уыимæ иумæ, хуссарирыстойнаг хъахъхъæнынады ведомствæ дарддæр дæр уæвынад кæндзæн. Уый тыххæй къуырисæры пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта президент Тыбылты Леонид.
"Февралы кæрон мах активон куыст бакодтам ацы фарстыл УФ хъахъхъæнынады министрадимæ æмæ сбæрæг кодтам, хуссарирыстойнаг Гарзджын тыхты хицæн хæйтты уæрæсейаг æфсады скондмæ бацæуын раст кæй нæу Уæрæсейы закъæттæм гæсгæ. Æмбæлон уæлæмхас бадзырды тексты мах аскъуыддзаг кодтам, не 'фсæддон службæгæнджыты кæй райсдзысты УФ-йы гарзджын тыхты хæйттæм, сæрмагондæй, Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæмæ", — загъта президент.
Уый банысан кодта, ацы этапыл нырма раджы кæй у дзурынæн, уæрæсейаг дæлхæйтты скондмæ цы хуссарирыстойнаг æфсæддонтæ бацæудзысты, уыдон нымæцы тыххæй.
"Сæйраджыдæр нын бантыст саразын, цæмæй базæмæ цы æфсæддон службæгæнджыты нæ айсой, уыдон баззайой нæхи æфсады", — бафиппайдта республикæйы сæргълæууæг.
2015 азы 18 марты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы сæргълæуджытæ Мæскуыйы бафыстой интеграци æмæ æмцæдисады тыххæй бадзырд. Бадзырд рагхыгъд кæны æрæмдзых хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады иумæйаг тыгъдад, сæрмагондæй, хуссарирыстойнаг гарзджын тыхты æмæ æдасдзинады органты бацыд аналогон уæрæсейаг структурæты скондмæ.