Тыбылты Леонид: Уӕрӕсейы скондмæ бацæуыны фæдыл референдум домы юридикон æмбарынад

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæРХИ ӕмӕ УФ тырысатӕ
РХИ ӕмӕ УФ тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, референдумы фарстыл дзырд цыд, æрæджы йын УФ президентимæ цы фембæлд уыд, уый рæстæджы. Бæстæты сæргълæуджытæ æрцыдысты хатдзæгмæ, уый Хуссар Ирæн кæй у йæ мидæггагон фарст æмæ "йæ хъæуы юридикон æгъдауæй бамбарын".

ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik. Референдум, кæцы фадат ратдзæн Уæрæсейы къухдариуæгадмæ æрсидын Хуссар Ир УФ-йы скондмæ бацæуыны фæдыл инициативæимæ, хъуамæ уагъд æрцæуа æввахс рæстæджы, фехъусын кодта Тыбылты Леонид къуырисæры йӕ пресс-конференцийы рæстæджы,.

"Ацы фарстыл мах æруынаффæ кодтам Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ æмæ æрцыдыстæм хатдзæгмæ, уый кæй у мидæггагон хуссарирыстойнаг фарст. Ацы фарст домы юридикон æмбæрст æмæ йæ реализацийы тыххæй хъæуы бахæссын ивындзинæдтæ Конституцимæ, цæй фæстиуджытæм гæсгæ уагъд æрцæудзæн референдум", — загъта Тыбылты Леонид.

Уый ма банысан кодта, Бындурон закъоны 10-æм пунктмæ ивындзинæдты бахаст ратдзæн бар президентæн, цæмæй "бахата УФ президентмæ иунæг цæдисон орган саразыны хъæппæрисимæ, кæцыйæн мах ратдзыстæм нæ бартæ".

"Уымæ гæсгæ, мах иуварс кæнæм Уæрæсейы политикон рискæй, кæцытæ сæвзæрдаиккой комкоммæ бахызты рæстæджы", — банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Президент куыд загъта, афтӕмӕй референдум уагъд æрцæудзæн æввахс рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0