Цхинвалы фӕбӕрӕг сты хъӕбысхӕсты ӕхсӕнадӕмон ерысты уӕлахиздзаутӕ

© Sputnik / Ада БагианСпорткомплекс "Олимп", Цхинвал
Спорткомплекс Олимп, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты ӕдӕппӕтӕй архайдтой 160 спортсмены онг Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй, Абхаз ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъарӕй.

ЦХИНВАЛ, 4 апр- Sputnik. Цхинвалы фӕбӕрӕг сты фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты номыл уӕгъдибар хъӕбысхӕсты ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзаутӕ. Спорткомплекс "Олимп"-ы сӕ тыхтӕ ӕвзӕрстой бынӕттон ӕмӕ Цӕгат Кавказы республикӕты ӕрыгон богалтӕ, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Ерысты ӕдӕппӕтӕй архайдтой 160 спортсмены онг Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй, Абхаз ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъарӕй. Турнир цыд 2002-2003 ӕмӕ 2003-2004 азты гуырд богалты ‘хсӕн.

"Ӕмсӕр ныхмӕлӕуджытӕ хицӕн уӕзы категориты нӕ разынд нӕ чысыл богалтӕ Бестауты Андрей, Зассеты Азӕмӕт ӕмӕ Къелеты Александрӕн, уыдон се ‘ртӕ дӕр ссисты уӕлахиздзаутӕ. Афтӕ ма турниры фыццаг бынӕттыл ацыдысты аст цӕгатирыстойнаг спортсмены, уӕлахидзауты нымӕцы ма уыдысты абхазаг ӕмӕ кӕсӕгбалхъайраг богалтӕ дӕр", — радзырдтой комитеты пресс-службӕйы.

Турниры уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты кубоктӕ, призтӕ ӕмӕ ӕхцайы премитӕй. Уӕгъдибар хъӕбысхӕсты турнир барӕсугъд кодтой аивадон коллективтӕ дӕр, уыдон нымӕцы Хуссар Ирыстоны зард ӕмӕ кафты паддзахадон ансамбль "Симд".

Ног хабӕртты лентӕ
0