Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры скуынæг кæндзысты условон знӕгты

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæӔфсӕддон ахуыртӕ
Ӕфсӕддон ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырты фӕлгӕтты дӕлхайӕдты ӕфсӕддонтӕ фӕлварынц ӕнӕзакъонон хотыхджын къордты ныддӕрӕн кӕныны фадӕттӕ.

ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны "Дзарцъем"-ы полигоны 700 службӕгӕнӕджы ӕмӕ 100 иуӕджы техникӕ архайынц ӕфсӕддон ахуырты, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар ӕфӕддон зылды пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны уӕвӕг уӕрӕсейаг цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайӕдтӕ къуырисӕры райдытой "Дзарцъемы" полигоны хӕстон ӕхстимӕ тактикон ахуыртӕ.

"Ахуыргӕнӕн мадзӕлтты архайынц ранӕуӕггонд танктӕ Т-72А, гаубицæ "Акация", хӕстон машинӕ БМП-2 ӕмӕ ӕнӕпилотон хӕдтӕхджытӕ", — загъта ХӔЗ минӕвар.

Ӕфсӕддонты бахъӕудзӕн равдисын сӕ арӕхстдзинад сӕйраг иумӕйаг ӕфсӕддон дисциплинӕты, тагъд архайды, хи бааууон кӕныны, минӕтӕй йедзаг быдырты рахизын ӕмӕ условон знаджы ныддӕрӕн кӕнын.

"Ӕнӕпилотон хӕдтӕхджыты фӕрцы бӕрӕг кӕндзысты, ӕфсӕддонтӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый", — загъта пресс-службӕйы кусӕг.

ХӔЗ ма радзырдтой, милмӕ ӕхсыны ахуыртӕ кӕй цӕудзысты ног нормативтӕм гӕсгӕ — мил агурыны хъуыддаг фӕрог кӕндзысты ӕнӕпилотон хӕдтӕхджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0