Мидхъуыддӕгты министрад: Хуссар Иры нæй коллекторон агентадтæ

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæМилицийы кусæг
Милицийы кусæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Коллекторты хайадистæй скандалтæ, кæцытæ æмбырд кодтой хæстæ тыхмийы руаджы, Уӕрӕсейы ссисты закъондæттынадмæ ивындзинæдтæ бахæссыны аххосæг. Хуссар Ирыстоны ахæм амалæй хæстæ æмбырд кæныны цаутæ банысангонд не ‘рцыд, фехъусын кодтой мидхъуыддæгты министрады.

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны нæй коллекторон агентадтæ, барадхъахъхъæн органтæм иу куырдиат дæр не ‘рбацыд, цыран æмбæстæгтæ хъаст кæнынц хæстæ исыны рæстæджы тыхмийæ спайда кæныны фæдыл, фехъусын кодтой дыццæджы Sputnik Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы.

УФ генералон прокуратурæ сбæлвырд кодта, Новосибирскы областы коллектортæ кæй балæбурдтой бинонтæм хæс бафидыны домæнимæ.

Лæбурджытæ фæнадтой хæсджын сылгоймаджы æмкъай æмæ æнахъом лæппуйы, йæхицæн та йын бакодтой тыхми, фехъусын кодтой прокуратурæмæ.

"Хуссар Ирыстоны нæй коллекторон агентадтæ. Уымæй дарддæр ма, барадхъахъхъæн органтæм иу куырдиат дæр не ‘рбацыд, цыран хицæн гоймæгтæ, кæнæ финансон организацитæ хъаст кæнынц хæстæ исыны рæстæджы тыхмийæ спайда кæныны тыххӕй", — банысан кодта ведомствӕйы минæвар.

Фæстаг рæстæджы Уæрæсейы айхъуыст цалдæр нæргæ скандалы коллекторон агентадты кусджыты хайадистæй.

Январы, Ульяновскы коллектортæ рудзынгæй хæдзармæ баппæрстой судзаг æрмæгимæ авг, цæй фæстиуæгæн уæззау сыгъд райста дыууæаздзыд сывæллон.

Омскы областы марты райдианы коллектортæ бартхъирæн кодтой хæсджынмæ, кæй йын амардзысты йе ‘фсымæры. Уралы та банчы кусджытæ æрурæдтой тагъд æххуысы службæйы, сывæллæтты рынчындоны æмæ Екатеринбургы тæрхондæтты куыст.

Бирæнымæц инциденттæ ссисты закъондæттынадмæ ивындзинæдтæ бахæссыны аххосæг. Паддзахадон Думæ ныридæгæн кусы законыпроектыл, кæцымæ гæсгæ коллектортæн бар нæй хæстæ исыны процессы тыхæй спайда кæнын, тыхæй спайда кæнынæй æртхъирæн кæнын, æнæниздзинад æмæ мулкæн базиан кæнын, психологон æгъдауæй æлхъивын æмæ рæдыды æфтауын.

Ног хабӕртты лентӕ
0