Олег Говорун раппæлыд Хуссар Ирыстоны арæзтады темптæй

© Сайт президента РЮОТыбылты Леонид ӕмӕ Олег Говорун
Тыбылты Леонид ӕмӕ Олег Говорун - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Объекттæ арæзтады темптæ сты иттæг хорз æмæ куыст бæрæгæй зыны, загъта уæрæсейаг чиновник.

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. УФ президенты управленийы сæргълæууæг Олег Говорун банысан кодта Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты фæдыл инвестпрограммæйы объекттыл куыстыты рæвдз темптæ. Уый тыххæй уæрæсейаг чиновник дзырдта президент Тыбылты Леонидимæ фембæлды рæстæджы, хъусын кæны РХИ президенты пресс-службæ.

Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз æмæ ХПÆ-ы бæстæ-хайадисджытимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ президенты управленийы сæргълæууæг Олег Говорун дыууæбонон кусæгон визитимæ æрцыд Хуссар Ирыстонмæ.

"Объекттæ арæзтады темптæ сты иттæг хорз æмæ куыст бæрæгæй зыны. Ныфс мæ ис, ацы аз дæр кæй уыдзæн раздæры азтау æнтыстджын. Зыны къухдариуæгады контроль инвестпрограммæйы реализацийы хъуыддаджы", — загъта Говорун.

Тыбылты Леонид æмæ Олег Говорун æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны президенты æрæджыйы визитыл Уæрæсемæ.

"Махæн бахæс æрцыд конкретон хæслæвæрдтæ уæ фембæлды фæстиуджыты тыххæй. Уыдоныл иууылдæр цæуы куыст Уæрæсейы хицауадимæ. Фидарæй мæ уырны, æввахс рæстæджы кæй райсдзыстæм æвæрццаг фæстиуджытæ", — загъта Говорун.

Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты фæдыл инвестпрограммæйæн финансон фæрæзтæ хицæн цæуынц УФ-йы бюджетæй. 2015 — 2017 азты республикæйы хъуамæ арæзт æрцæуой 31 объекты. Ацы нысæнттæн рахицæнгонд æрцæудзæн фараст миллиард сомы — фæйнæ æртæ миллиард сомы æрвылаз.

Ног хабӕртты лентӕ
0