РХИ адӕмон артист Уанеты Ӕхсар: ӕрдз мӕ сывзӕрста сценӕйӕн

© Sputnik / Плиты ФатимаРХИ адӕмон артист Уанеты Ӕхсар
РХИ адӕмон артист Уанеты Ӕхсар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны адӕмон артист, режиссер, Цхинвалы районы адӕмон театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Уанеты Ӕхсар фыццаг къахдзӕф бакодта аивадмӕ ӕхсӕзаздзыдӕй -сӕххӕст кодта фыййауы фӕлгонц.

Абон йӕ рольты нымӕц Ӕхсар бары дӕсгӕйттӕй, йе ‘вӕрд спектакльты нымӕц ахызт дӕсӕй. Ӕхсар бӕллы Отеллойы Кассиойы роль ахъазын ӕмӕ Цхинвалы районы адӕмон театрӕн йӕхи къуым ссарын. Ацы бонты режиссер йӕ къордимӕ хайад райсдзӕн Цӕгат Кавказы адӕмон театрты фестивалы. Уыдон сӕйраг призтыл стох кӕндзысты спектакль "Файнустытӕ"-имӕ. Йӕ сфӕлдыстадон куысты ӕмӕ дарддӕры фӕндты тыххӕй артист радзырдта йӕ интервьюйы Sputnik.

— Куыд равзӕрстай актеры ӕмӕ фӕстӕдӕр та режиссеры дӕсныйад?

— Райгуырдтӕн ӕмӕ хъомыл кодтон Дзауы районы Хуыцъейы хъӕуы. Нӕ хъӕуы адӕмон театры мӕ дыууӕ хо ӕнтыстджынӕй архайдтой, мӕ фыд та уыд зараг лӕг, иудзырдӕй, хъомыл кодтон аивады артдзӕсты. Фыццаг къласы ма куы ахуыр кодтон, афтӕмӕй адӕмон театры сӕххӕст кодтон фыййауы фӕлгонц ӕмӕ уырдыгӕй райдыдта мӕ "балц" аивадмӕ. Архайдтон хореографион къорды дӕр. Скъолайы фӕуды фӕстӕ къухдариуӕгад лӕвӕрдтон хъӕуы культурӕйы хӕдзарӕн, фӕстӕдӕр рацыдтӕн ӕфсӕддон службӕ. Уый фӕстӕ мӕ ных сарӕзтон Щепкины номыл Мӕскуыйы театралон институтмӕ. Фӕстӕдӕр та Мӕскуыйы культурӕйы паддзахдон университеты сахуыр кодтон режиссеры дӕсныйад.

Чысылӕй ма бӕллыдтӕн дохтыр суӕвынмӕ, ацы бӕллиц стырӕй дӕр нӕ ферох кодтон. Ӕгӕрыстӕмӕй ма бафӕлвӕрдтон медицинон ахуыргӕндонмӕ дӕр бацӕуын, нӕ мын бантыст, фӕлӕ йыл нӕ фӕсмон кӕнын. Хуыцау мын цы фӕндаг сныв кодта, уый разынд рӕсугъддӕр — ӕрдз мӕ сывзӕрста сценӕйӕн.

— Де ‘сфӕлдыстадон фӕндагыл дӕ иууыл ӕввахсдӕр ӕмӕ уарзондӕр рольтӕ кӕцытӕ уыдысты ӕмӕ ма кӕй фӕлгонц сӕххӕст кӕнымӕ бӕллыс?

— 1984 азы ахуыры фӕстӕ ӕрыздӕхтӕн Хуссар Ирмӕ ӕмӕ мӕ уайтагъддӕр ӕрхуыдтой сӕйраг рольтӕм. Мӕ фыццаг сӕйраг фӕлгонцтӕй иу уыд "Фӕныкгуыз". Стӕй сӕххӕст кодтон "Расыггӕнджыты" Мытылы фӕлгонц. Дыууӕ дӕр уыдысты комедион рольтӕ, афтӕ мыл режиссертӕ фӕцахур сты ӕмӕ ӕмӕ хонын райдыдтой ӕрмӕстдӕр комедитӕм. Мӕхӕдӕг та тырнын трагедиты мӕхи бафӕлварынмӕ. Бӕллын Отеллойы спектаклы Кассиойы фӕлгонц сӕххӕст кӕнын ӕмӕ ацы персонажы ӕнкъарӕнтӕ радӕттын. Ис мын уарзон рольтӕ дӕр. Ӕрӕджы фӕстаг гуырахстджын спектакль "Ныййарӕджы кадӕг"-ы сӕххӕст кодтон хъӕуы хицауы фӕлгонц, уый дӕр мӕ зӕрдӕйӕн ӕввахс у. Мӕнӕн сӕйраджыдӕр зын вӕййы мӕхи ӕвӕрд спектакльты архайын.

© Sputnik / Плиты ФатимаӔхсар йæ коллегæимæ
Цхинвалы районы адӕмон театр репетици кӕны ног спектакль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕхсар йæ коллегæимæ

— Ды ма лӕууыс Цхинвалы районы адӕмон театры сӕргъ дӕр. Ам та куыст куыд цӕуы, цы спектакльтӕ сӕвӕрын уын ис нывӕзты ӕмӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлут?

— Цхинвалы районы адӕмон театрӕн йӕ авналӕнтӕ сты къуындӕг. Ӕдӕппӕтӕй нӕм ис ӕхсӕз штаты ӕмӕ нӕ репертуармӕ ногдзинӕдтӕ куы фӕхӕссӕм, науӕд ног спектакль куы февзарӕм, уӕд нӕ бахъӕуы архайын нӕ фадӕттӕм гӕсгӕ — йӕ архайджыты нымӕц хъуамӕ ма хиза ӕхсӕз адӕймагӕй. Хорз уаид, куы ма нӕм ӕрбафтид иу цыппар штаты.

Труппӕ ӕрвылаз дӕр ӕрзилы гастролтимӕ республикӕйы районтыл. Нӕ репертуары ис 5 спектаклы. 1990 азтӕй фӕстӕмӕ нын уадиссаджы уавӕртӕ нӕй, кӕнӕм цӕугӕ цард. Хицӕн рӕстӕджыты репетицитӕ уагътам гаражы, сабидоны, хуыйӕн фабрикӕйы, ӕртыккӕгӕм скъолайы, скъола-интернаты ныккӕнды — иудзырдӕй, чи иу нӕ бавӕрдта, уым иу куыстам. Лӕг дам ныфсытӕй цӕры, мах дӕр нӕ зӕрдӕ дарӕм, театры ног бӕстыхай куы сцӕттӕ уа, уӕд профцӕдисты бӕстыхайы та Цхивалы районы адӕмон театрӕн кӕй ратдзысты.

Нӕ уавӕртӕ куы фӕхуыздӕр уой, уӕд рауӕрӕх кӕндзыстӕм нӕ куыст. Цалдӕр спектаклы мын ис нысангонд — Саулохты Гаврилы "Гаци", Айларты Асӕхмӕты "Кӕмдӕр ирон лӕппутӕ зарынц" ӕмӕ ӕндӕртӕ.

© Sputnik / Плиты ФатимаЦхинвалы районы адӕмон театр репетици кӕны ног спектакль
Цхинвалы районы адӕмон театр репетици кӕны ног спектакль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы районы адӕмон театр репетици кӕны ног спектакль

— Ацы бонты Дзӕуджыхъӕуы "Ирон театр"-ы сценӕйыл цӕудзӕн Цӕгат Кавказы адӕмон театрты фестиваль, уырдӕм сымах дӕр хъавут ацӕуынмӕ. Куыд цӕттӕ у уӕ къорд ацы фестивальмӕ?

— Фестивальмӕ хӕссӕм Нартыхты Григолы уацмысмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд комеди "Файнустытӕ". Спектакль развӕлгъау фенын кодтам фестивалы къамисӕн ӕмӕ йӕ банымадтой зӕрдӕмӕдзӕугӕйыл. Цхинвалы районы адӕмон театр ныр цыппӕрӕм хатт хӕссы фестивалмӕ йӕ куыст ӕмӕ иунӕг хатт дӕр ӕнӕ хорзӕх не ‘рыздӕхт. Ныр дӕр мӕ ныфс ис, кӕй барайдзаст кӕндзыстӕм не сфӕлдыстадӕн табугӕнджыты зӕрдӕтӕ. Хорзӕзхӕй дарддӕр ма нӕ фӕнды ӕрхӕсын иннӕ аз ацы фестиваль Цхинвалмӕ. Уӕдмӕ, Хуыцауы фӕндӕй, сцӕттӕ уыдзӕн нӕ Паддзахадон театры ног бӕстыхай дӕр мӕ нӕ фадӕттӕ фӕуӕрӕхдӕр уыдзысты. Комедийы архайынц Джыгкайты Эльбрус, Козаты Сӕлимӕт, Джыгкайты Тузар, Цоциты Николай, Сиукъаты Изетта, Багаты Георгий ӕмӕ ӕндӕртӕ.

— Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры арӕзтад, кӕдӕй-уӕдӕй, кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны. Артисттӕ фервӕздзысты сӕ сӕйраг проблемӕйӕ, ахиздзысты сӕ ног бӕстыхаймӕ. Фӕлӕ ма уымӕй дарддӕр, дӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, цы зындзинӕдтӕ ис нӕ паддзахадон драмон театрӕн?

— Театры стырдӕр проблемӕтӕй иу у режиссерты хъуагдзинад, нӕй нӕм ӕвзонг кары фӕсивӕд. Ныры дуджы актуалон сты гримертӕ дӕр. Ацы ӕппӕт дӕсныйӕдтыл хъӕуы ахуырмӕ ӕрвитын ахӕм курдиатджын фӕсивӕды, кӕцытӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзысты Ирыстонмӕ. Науӕд та ам, бынаты сахуыр кӕной ахӕм хъӕугӕ дӕсныйадтӕ.

— Хуссарирыстойнаг актертӕй уӕлдай кӕй рахицӕн кӕндзынӕ, кӕй куыст цӕуы уӕлдай тынг дӕ зӕрдӕмӕ?

— Иттӕг хорз актертыл ӕз нымадтон дзӕнӕтыбадинаг Таугазты Гаврил, Тедеты Алихан, Зӕгъойты Ростик ӕмӕ Цоциты Кӕдзӕхы. Галуанты Людӕйыл дзырд дӕр нӕй. Фӕзминаг сты ног фӕлтӕртӕ дӕр — Пӕррӕстаты Дмитрий, Бибылты Сослан, Хуыгаты Альбина, Чохели Натия, Битеты Милена ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0