Хуссар Иры парламент бафысдзæн бадзырдтæ Абхаз, Луганск æмæ Донецкимæ

© Sputnik / Ада БагианКоцты Игорь
Коцты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
10 апрелы республикæйы уагъд æрцæудзысты парламенты сырæзты 25 азы юбилейы цытæн мадзæлттæ. Ацы бæрæгбоны ма бафыст æрцæудзысты æмгуыстады фæдыл документтæ.

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент хуыцаубоны бафысдзæн æмрæстæджы æртæ документы Луганскаг æмæ Донецкаг адæмон республикæтæ æмæ Абхазы закъондæттæн органтимæ æмгуыстады фæдыл.

Æддагполитикон æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты разамонæг Коцты Игорь Sputnik куыд фехъусын кодта, афтæмæй 10 апрелы республикæйы уагъд æрцæудзысты парламенты сырæзты 25 азы юбилейы цытæн мадзæлттæ.

"Æрцæудзысты нæм нæ коллегæтæ УФ Паддзахадон думæ æмæ Федерацийы советæй, Цæгат Ир, Абхаз, ЛАР æмæ ДАР-йы парламентаритæ. Æнхъæлмæ ма кæсæм уазджытæм Хæххон Карабахæй. Кæд хæларадон Арцахы ныртæккæ уавæр у вазыгджын, фӕлӕ уæддæр уыдон нæ аивтой сæ визит Хуссар Ирмæ", — загъта Коцты Игорь.

Абхазы парламентимæ хъуамæ бафыст æрцæуа æмгуыстады фæдыл бадзырд, ЛАР æмæ ДАР-имæ та бафыст æрцæудзысты меморандумтæ æхсæнпарламентон æмгуыстады тыххæй.

РХИ парламенты депутаттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ парламент хорзыл банымадта Абхаз æмæ ДАР-имæ бадзырдты проекттæ

Раздæр парламенты спикер Бибылты Анатолий банысан кодта, ДАР æмæ ЛАР-имæ æхсæнадæмон бадзырдтæ арæзт кæй нæй, уый аххосагæн парламентæн фадат нæй семæ æмгуыстады фæдыл æххæстбæрц бадзырд бафыссын, "уымæ гæсгæ дзырд нырма цæуы фæндты тыххæй меморандумыл".

Депутаттæ раздæр хорзыл банымадтой, цы документтæ хъуамæ æрцæуой бафыст, уыдоны проекттæ иууылдæр.

Хуссар Ирыстоны парламентмæ (Сæйраг Совет) фыццаг æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты 1990 азы 9 декабры. Уыдоны агъоммæ Гуырдзыстоны хицауад аивта Хуссар Ирыстоны автономи. Фыццаг æрсидты депутатты архайды период райст æрцыдысты бирæ ахсдзиаг политикон скъуыддзæгтæ æмæ документтæ. Уыдон нымæцы республикæйы фыццаг Конституци.

25 азы мидæг республикæйы уæлдæр закъондæттæн органмæ æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты æхсæз хатт. Фæстæгтæ ацыдысты 2014 азы июны. Парламенты фылдæр бынæттæ бацахста парти "Иугонд Ирыстон".

Ног хабӕртты лентӕ
0