Хацырты Екатеринæ ахсы дыккаг бынат "Мисс Россия 2016" онлайн-хъæлæслæвæрды

© В контактеХацырты Екатеринæ
Хацырты Екатеринæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурсы домæнтæм гæсгæ, финалмæ рацæуы 20 конкурсанткæйы, уыдонæй 10 æвзæрст æрцæудзысты адæмон хъæлæслæвæрды руаджы.

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Беслæйнаг 21-аздзыд Хацырты Екатеринæ æппæтуæрæсейаг рӕсугъддзинады конкурс "Мисс Россия 2016" онлайн-хъæлæслæвæрды ахсы дыккаг бынат, схъæлæс ын кодта 6557 интернетпайдагæнæгæй фылдæр. Хъæлæскæнынад цæуы конкурсы официалон сайтыл.

Конкурсы домæнтæм гæсгæ, финалмæ рацæуы 20 конкурсанткæйы, уыдонæй 10 æвзæрст æрцæудзысты адæмон хъæлæслæвæрды руаджы.

"Ахицæн ис курдиæтты æмæ национ костюмты конкурс. Хацырты чызг жюрийы тæрхонмæ рахаста ирон чъиритæ æмæ бæгæны. Уымæй уæлдай, азарыд Есенины æмдзæвгæйыл фыст зарæг "Заметался пожар голубой" æмæ акафыд кавказаг кафт дагъыстайнаг конкурсанткæимæ", — фехъусын кодта раздæр 15 регион.

Конкурс "Мисс Россия-2016" хайад райсдзӕн дзӕуджыхъӕуккаг чызг

Фыццаг бынат онлайн-хъæлæслæвæрды ахсы 18-аздзыд конкурсанткæ Якутийæ Александра Павлова. Æртыккаг бынат бацахста 18-аздзыд Полина Тенсина Удмуртийæ.

Конкурсы домæнтæм гæсгæ, Уæрæсейы рæсугъддæр чызгæн лæвæрд æрцæудзæн æхцайы приз — 3 милуан сомы, налхъуыт-налмастæй фæлгонцгонд, урс сыгъзæринæй конд коронæ. Уымæй уæлдай, райсдзæн автомобиль Hyundai Solaris æмæ æхсæнадæмон конкурстæ "Мисс Мира" æмæ "Мисс Вселенная"-йы йæ бæстæ æвдисыны фадат.

Ног хабӕртты лентӕ
0