Абхазы парламент сратификаци кодта Хуссар Иримӕ ӕнӕвизӕйон режимы бадзырд

© Sputnik / Роберт ДжопуаАбхазы парламент сратификаци кодта Хуссар Иримӕ ӕнӕвизӕйон режимы бадзырд
Абхазы парламент сратификаци кодта Хуссар Иримӕ ӕнӕвизӕйон режимы бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы ӕхсӕнхицауадон бадзырды фӕрцы дыууӕ бӕстӕты ӕмбӕстӕгтӕн ныр фадат уыдзӕн кӕрӕдзимӕ балцыты цӕуын ӕнӕ визӕтӕй

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы ӕмбӕстӕгтӕн дыууӕ бӕстӕмӕ ӕнӕвизӕйон балцыты фӕдыл бадзырд сратификаци кӕныны фӕдыл Абхазы закон бафидар кодтой республикӕйы парламенты депутаттӕ, хъусын кӕны Sputnik Абхазия.

Абхазы президенты минӕвар парламенты Дмитрий Шамбайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы бадзырд фидар ӕрцыд фондз азы ӕмгъуыдмӕ стӕй йӕ адарддӕр кӕныны баримӕ.

"Ацы ӕхсӕнхицауадон бадзырды фӕрцы дыууӕ бӕстӕты ӕмбӕстӕгтӕн ныр фадат уыдзӕн кӕрӕдзимӕ балцыты цӕуын ӕнӕ визӕтӕй", — загъта уый.

Афтӕ ма Шамба бахахх кодта, ацы бӕстӕтӕй иуы ӕмбӕстаг балцы куы ацӕуа иннӕмӕ, уӕд хӕсджын у, цӕмӕй ӕххӕст кӕна, цы республикӕйы ис, уый мидӕггагон миграцион ӕмӕ ӕндӕр уагӕвӕрдтӕ.

30 июны 2015 азы Абхазы хицауад сфидар кодта республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты фӕдыл министрады ӕнхъарӕн Хуссар Ирыстонимӕ ӕнӕвизӕйон балцыты фӕдыл бадзырд бафыссыны тыххӕй.

2015 азы августы Абхазы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты фӕдыл министрады делегаци официалон балцы уыд Хуссар Ирыстоны. Уӕд дыууӕ бӕстӕйы ӕддагполитикон ведомствӕты сӕргълӕуджытӕ бафыстой Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн ӕнӕвизӕйон балцыты фӕдыл бадзырд.

Ног хабӕртты лентӕ
0