Хуссар Ирыстоны райдыдта цæрджыты диспансеризаци

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæЦæрджыты диспансеризаци
Цæрджыты диспансеризаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Диспансеризаци фадат ратдзæн цæрджытæн æнæаргъæй рацæуын медицинон басгæрст ЭКГ, УЗИ, райсын медицинон специалистты консультаци.

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад ӕрӕвнӕлдта, республикæйы цæрджытӕй 21 азæй уæлæмæ кӕуыл цӕуы, уыдон диспансеризаци.

Мадзал дих у дыууæ этапыл — фыццагмæ хауы лабораторон сгæрст, дыккагмæ та нарæг специализациты медикты консультаци. Цхинвалы горæты поликлиникæйы сæйраг дохтыр Цоциты Аллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы цæрджытæн фадат ис рацæуын æнæаргъ медицинон басгæрст. Уырдæм хауынц лабораторон сгæрст, ЭКГ, флюорографи, гуыбыны æмæ синыстæджы органты УЗИ, гинеколон басгæрст, цæсты æлхъывдады барын æмæ дохтырты консультаци.

Диспансеризаци цæрджытæн фадат дæтты се ‘нæниздзинад басгарын, низы хатт рæстæгыл раргом кæнын æмæ йæ хос кæнынмæ æрæвналын.

"Басгæрсты фæстиуджытæм гæсгæ дохтыр сбæрæг кæндзæн адӕймаджы æниниздзинады æмвæзад. Се ‘нæниздзинадимæ проблемæтæ цы æмбæстæгтæн рабæрæг уой, уыдон рацæудзысты уæлæмхас басгæрст. Диспансеризацийы фæстиуджытæм гæсгæ ма пациент гæнæн ис æмæ æрвыст æрцæуа специализацигонд æмæ бæрзондтехнологион медицинон æххуыс райсынмæ", — загъта Цоциты Алла.

Диспансеризаци уагъд цæуы æртæ азы иу хатт, уый рæстæджы рабæрæг вæййынц арæх æмбæлгæ низтæ, куыд зæрдæйы, онкологон, рæуджыты низтæ æмæ сæкæрниз.

Ног хабӕртты лентӕ
0