Гасситы Мурæт стох кæндзæн IBF рейтингы дыккаг бынаты тыххæй

© FacebookГасситы Мурæт
Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæстаг хатт Гасситы Мурæт рингмæ рахызт фарон декабры америкæйаг Айзея Томасы ныхмæ. Фæлæ ныхмæлæуд нымад не ‘рцыд, Мурæт гонгы фæстæ æнæразвæдгонд цæф кæй фæкодта, уый тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik. Ирон боксер Гасситы Мурæт йæхи цæттæ кæны радон рейтингон тохмæ. Ацы хатт та йæ ныхмæлæууæг уыдзæн америкæйаг Джордан Шиммелл, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Сланты Виталий.

Фæстаг хатт Гасситы Мурæт рингмæ рахызт фарон декабры. Уый тох кодта америкæйаг Айзея Томасимæ боксы дунейон федерацийы (IBF) титулæн æнæмæнгхъæуæг претенденты статусы тыххæй. Ныхмæлæуд нымад не ‘рцыд, Мурæт æртыккаг раунды гонгы фæстæ йæ ныхмæлæууæджы æнæразвæдгонд цæф кæй фæкодта, уый тыххæй. Томас нал сразы тох адарддæр кæнын.

"Гасситы Мурæт радон тох ауаддзæн 17 майы Америкæйы. Гасситы Мурæт æмæ Джордан Шиммелл стох кæндзысты боксы дунейон федерацийы (IBF) рейтингы дыккаг бынаты тыххæй", — загъта Сланты Виталий.

Ныртæккæ боксер IBF рейтингы ахсы æртыккаг позици. Ацы рагхыгъды америкæйаг боксер та ахсы 13 бынат.

Гасситы Мурæт у дунейон чемпион фӕсивӕды 'хсӕн WBC-йы версимӕ гӕсгӕ, Европӕйы чемпион IBF-йы версимӕ гӕсгӕ, дунейы интерконтиненталон чемпион IBF-йы версимӕ гӕсгӕ.

Уый ауагъта 22 тохы ӕмӕ сӕ алкӕцыйы дӕр ссис уӕлахиздзау, 16 тохы йæ ныхмæлæуджыты арвыста нокауты.

Ног хабӕртты лентӕ
0