Ӕппӕтуӕрӕсейон автозгъорд "Не ‘Стыр Уӕлахизы стъалы" ӕрцӕудзӕн Цхинвалмӕ дӕр

© Sputnik / Дмитрий Коробейников /  Ахизын медиабанкмæУӕлахизы бонӕн нывонд Ӕппӕтуӕрӕсейон автозгъорд
Уӕлахизы бонӕн нывонд Ӕппӕтуӕрӕсейон автозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлахизы бонмӕ автомобилисттӕ ӕрзилдзысты 150 цӕрӕн пунктыл, уыдон ӕхсӕн Хуссар Ирыстон, Белорус, Китай, Абхаз, афтӕ ма Донецк ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕтӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik. Уӕлахизы бонӕн нывонд Ӕппӕтуӕрӕсейон автозгъорд "Не ‘Стыр Уӕлахизы стъалы" йӕ фӕндаг ракӕндзӕн Цхинвалыл. Мадзал райдыдта ӕртыццӕджы Уӕрӕсейы фондз горӕты ӕмрӕстӕджы, хъусын кӕны ТРК "Звезда".

Уӕлахизы бонмӕ автомобилисттӕ ӕрзилдзысты 150 цӕрӕн пунктыл. Мадзал Уӕрӕсейӕ дарддӕр аххӕсдзӕн Хуссар Ирыстон, Белорус, Китай, Абхаз, Донецк ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕтыл.

"Автоколоннӕтӕ сӕ фӕндаг ракодтой фондз горӕтӕй — Архангельск, Севастополь, Брест, Дербент ӕмӕ сакъадах Русскиййӕ. Фондз автоколоннӕйӕ алкӕцыйы разӕй дӕр цӕуы ретро-автомобиль "Победа". Мадзалы архайджытӕ фембӕлдзысты 5 майы Владимиры ӕмӕ уырдыгӕй сӕ фӕндаг акӕндзысты Мӕскуымӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Проект "Не ‘Стыр Уӕлахизы стъалы" уадзы ветеранты ӕппӕтуӕрӕсейон организаци "Боевое братство". Бындур ын ӕвӕрд ӕрцыд в 2012 азы. Мадзалы архайджытӕ ныр цалдӕр аз фӕд-фӕдыл ӕрцӕуынц Цхинвалмӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0