Ленингоры сывæллæтты хæдзар: иунæг ӕнӕхъӕн республикæйы

© Sputnik / Руслан ТадтаевЛенингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ
Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сывæллæтты хæдзар йæхи цæттæ кæны сцалцæггонд бæстыхаймæ ацæуынмӕ.

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik, Козаты Дианæ. Елхъанты Заирæ Ленингоры сывæллæтты хæдзар-интернаты кусы 20 азæй фылдæр. Уыдонæй цыппар азы къухдариуæгад кæны ацы уагдонæн. Сывæллæттæ йын нæй, фæлæ интернаты хъомылгæнинæгты уарзы йæхи хъӕбултау. Sputnik уацхæссæг фæуазæг сывæллæтты хæдзармæ æмæ йæхи цæстæй федта, куыд цæрынц йæ хъомылгæнинæгтæ.

Ленингоры сывæллæтты хæдзар у иунæг æнæхъæн республикæйы. Ам æдæппæт ис 27 сывæллоны, иууыл кæстæрыл дзы цæуы æртæ азы. Сæ фылдæр сты Ленингоры районæй, фондз та — цыппар æфсымæр æмæ иу хо — горæт Къуайсайæ. Тагъд уыдон бацæудзысты сыгъдæг, капиталонӕй сцалцæггонд бæстыхаймæ.

"Агъуыст арæзт æрцыд ивгъуыд æнусы 80-æм æзты æмбисы æмæ дзы уæдæй нырмæ зæгæл къуырд дæр никуы æрцыд. Ныр нын уыдзæн нырыккон бæстыхай 50 сывæллонæн, ис дзы æнцойуæттæ, бынат алкæмæн дæр фаг кæны", — дзуры сидзæрты хæдзары директор.

© Sputnik / Руслан ТадтаевЛенингоры сывæллæтты хæдзар
Новое здание детского дома в поселке Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленингоры сывæллæтты хæдзар

Бæстыхайы ис 14 хуыссæн хатæны, стыр актон зал, фæлладуадзæн хатæн, хæрæндон, медицинон хо æмæ хъомылгæнджыты хатæн. Цалцæггæнæн куыстыты рæстæгмæ сывæллæттæ раконд æрцыдысты районон хъæууон хæдзарады бæстыхаймæ. Мах баййæфтам хъомылгæнинæгты кафтыны урокыл, æвзонг ахуыргæнæджы хъусдардæй уыдон ахуыр кодтой "Симд", "Гандаган" æмæ "Чызджыты кафт".

Кафты секцийæ дарддæр ма ам ис музыкæ, нывхуыд æмæ хъæдæрмæгимæ куысты секцитæ. Чысылдæр сабитæ нырма цæуынц сабидонмæ, улæфтыты сæ ахуыр кæнынц кæсын æмæ фыссын, семæ кусы психолог.

"Æгуыст ничи у. Сывæллæттæ цæуынц кружоктæм, кафынц, кусынц хъæдæрмæгимæ. Ис нын нæхи музей, цыран æмбырд кæнæм сывæллæтты куыстытæ. Цæлцæггæнæн куыстыты рæстæгмæ сæ бафснайдтам къоппыты, фæлæ ног бæстыхайы уыдонæй сфæлынддзыстæм хатæнтæй иу", — загъта Елкъанты Заирæ.

Уый æрымысыд, йе ‘взæрстон кампанийы рæстæджы сæм уазæгуаты куыд æрбацыд Тыбылты Леонид, кæцыйæн йæ зæрдæмæ фæцыд сывæллæтты къухæй арæзт хъæдæй къæлæтджын æмæ баныфс æвæрдта, зæгъгæ, кæд президентæй равзæрст æрцæуа, уæд æй балхæндзæн". Ацы къæлæтджын ын уый фæстæ хъомылгæнинæгтæ балæвар кодтой йæ райгуырæн бонмæ.

Сидзæрты хæдзары ис дыууæ къорды — иу гуырдзиаг æмæ дыууæ та уырыссаг. Цалцæггæнæн куыстыты размæ сывæллæттæ уыдысты æвдайæ фылдæр, фæлæ дзы цы 27 баззад, уыдонæй дарддæр иннæ сывæллæттæн уыд, рæстæгмæ кæдæм ацæуой, уыцы бынат. Заирæйы ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæ сты тынг хæлар, кæрæдзи æвварс тынг хæцынц æмæ кæрæдзийæн æххуысмæ дæр тынг цæуынц.

© Sputnik / Руслан ТадтаевСывæллæтты хæдзары директор Елхъанты Заира
Директор детского дома Заира Елканова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывæллæтты хæдзары директор Елхъанты Заира

Сидзæрты хæдзарæн æххуыс кæнынц "Мегафон Хуссар Ирыстон" æмæ уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ, кæцытæ сывæллæттæн ӕрӕджы балæвар кодтой телевизор. Директоры ныхæстæм гæсгæ, иунæг бæрæгбоны дæр сывæллæттæ нæ баззайынц æнæхъусдард арæнхъахъхъæнджытæ æмæ районы администрацийы æрдыгæй. Æрвылмæй сын фæйнæ фондз мины балæвар кæны парти "Иугонд Ирыстон" дæр.

"Ацы æххуыс мах исæм азæй фылдæр. Бамбырд кодтам ацы æхцатæ æмæ сæ балхæдтам сывæллæттæн синтезатор, кæцыйыл цайдагъ кæнынц музыкæйы уроктыл", — загъта Елхъанты Заирæ.

Уый дзуры, зæгъгæ, сывæллæттæ ницы хъуаг сты, ифтонг сты иууыл æнæмæнгхъæуæгæй, паддзахадон бюджетæй алы сывæллонæн дæр хицæн цæуы æхцайы фæрæзтæ хæрд, дарæс æмæ æндæн æнæмæнгхъæуæг хæрдзтæн.

Сывæллæттæ куы схъомыл вæййынц æмæ куы ныууадзынц интернат, уæддæр хъомылгæнджытæ сæ хъус дарынц сæ хъысмæтмæ. Сæ иу ацы аз хъуамæ каст фæуа скъола æмæ йын директор ныридæгæн ссардта куысты бынат интернаты.

"Нæ бон куыд у, афтæ аразæм нæ сывæллæтты фидæн. Нæ мæ фæнды æмæ ацы хæдзарæй ацæугæйæ, мæ сывæллæттæ ныллæууой сæфты фæндагыл", — дзуры Заирæ.

Ныридæгæн уал сывæллæттæ дæр æмæ кусджытæ дæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц, кæд байгом уыдзæн ног бæстыхай.

Уагдон капиталонæй цалцæггонд æрцыд Инвестпрограммæ реализацийы фæлгæтты. Хæдзары капиталон цалцæг æмæ ифтонгады дзауматыл бахардз 50 милуан сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0