РХИ драмон театры аивадон къухдариуӕггӕнӕгӕй нысан ӕрцыд Дзуццаты Тамерлан

© Sputnik / Роин БибиловДзуццаты Тамерлан
Дзуццаты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Театры ног снысангонд аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзуццаты Тамерланӕн йӕ бӕрны цы уагдон бакодтой, уымӕн йе стырдӕр проблемӕйыл нымайы мӕгуырау репертуар ӕмӕ фӕнд кӕны ног спектакльтӕ ӕвӕрынмӕ ӕрхонын фӕсарӕйнаг режиссерты.

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуӕггӕнӕгӕй нысан ӕрцыд режиссер ӕмӕ продюсер Дзуццаты Тамерлан. Ӕмбӕлон бардзырд бафыста республикӕйы культурӕйы министр Остъаты Мадина.

Дзуццаты Тамерлан у курдиатджын режиссер, бантыст ын сӕвӕрын бирӕнымӕц спектакльтӕ куыд Хуссар Ирыстоны сценӕйыл, афтӕ Цӕгаткавказаг республикӕты театрты дӕр.

Ног снысангонд аивадон къухдариуӕггӕнӕг Sputnik телефоны куыд радзырдта, афтӕмӕй йӕ бон цы у, уымӕй архайдзӕн театры ӕмвӕзад схизын кӕнынмӕ ӕмӕ репертуар фӕхъӕзныгдӕр кӕнынмӕ.

Трагеди Ныййарӕджы кадӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг артисттӕ Дзӕуджыхъӕумӕ ахӕсдзысты "Ныййарӕджы кадӕг"

"Ныридӕгӕн Дзӕуджыхъӕуы ӕвдисӕм "Ныййарӕджы кадӕг" ӕмӕ куы ныццӕуон Цхинвалмӕ, уӕд сбӕлвырд кӕндзынӕн ацы бынаты мӕ фыццаг къахдзӕфтӕ. Мӕ бӕрны мын цы уагдон бакодтой, уымӕн йе стырдӕр проблемӕйыл нымайын мӕгуырау репертуар, уымӕ гӕсгӕ фӕнд кӕнын ног спектакльтӕ сӕвӕрын. Уый тыххӕй та мӕ фӕнды ӕрхонын фӕлтӕрд режиссертӕ фӕсарӕнтӕй", — загъта Дзуццаты Тамерлан.

Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, театры ног бӕстыхайы арӕзтад кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ӕмӕ труппӕ уӕдмӕ бацӕттӕ кӕндзӕн ӕмӕ ног театры фыццаг равдисдзӕн Хетӕгкаты Къостайы поэмӕ "Фатима"-мӕ гӕсгӕ спектакль.

Дзуццаты Тамерлан сӕвӕрдта бирӕнымӕц спектакльтӕ, се ‘хсӕн "Ныййарӕджы кадӕг", "Дзӕнӕты фӕндаг зындонмӕ", "Мещанин во дворянстве", "Ромео и Джульетта" ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0