Цхинвайлаг скъоладзауты схорзæхджын кодтой зынгирвæзт ахуыссын кæныны тыххæй

© Пресс-служба МЧС РЮОЦхинвайлаг скъоладзауты схорзæхджын кодтой УУМ-ы сæргълæууæг
Цхинвайлаг скъоладзауты схорзæхджын кодтой УУМ-ы сæргълæууæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
11-æм къласы цыппар ахуыргæнинаджы суыдтой, микрорайон "Хурзæрин"-ы цурæй фæздæг кæй цæуы, бынатмæ бацыдысты таксийыл æмæ æрæвнæлдтой зынирвæзт хуыссын кæнынмæ. Сывæллæттимæ цы зынгфæдисонтæ хуыссын кодтой арт, уыдон бахатыдысты, цæмæй лæппутæ æрцæуой хорзæхджын.

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) схорзæхджын кодтой Цхинвалы дыккæгæм скъолайы ахуыргæнинæгты зынирвæзт ахуыссын кæныны тыххæй. Ведомствӕйы сæргълæууæг Санахъоты Сергей æрбацыд цыппæрæмы скъоламæ, цæмæй сæрмагондæй радта грамотæтæ хъайтартæн.

11-æм "Б" къласы ахуыргæнинæгтæ Тедеты Инал, Гæбæраты Азæмæт, Кокойты Михаил æмæ Тедеты Аслан изæрæй, тренировкæйæ рацæйздæхгæйæ, суыдтой фæздæг микрорайон "Хурзæрин"-ы сæрмæ.

"Хæдзары нæм уыд зынгхуыссынгæнæн баллонтæ æмæ аскъуыддзаг кодтам уыдонæй зынг ахуыссын кæнын. Сбадтыстæм таксийыл, бахæццæ стæм зынгирвæзты бынатмæ æмæ æрæвнæлдтам зынгимæ тох кæнын", — загъта Тедеты Инал.

Скъоладзаутæ дзурынц, кæй нæ фӕтарстысты, кæд цавæрдæр уысм сæ иуæн фæздæгæй разылд йæ сæр, уæддæр. Уæдмæ ӕрбахæццæ сты зынгфæдисонтæ, фæлæ зынгирвæзты территори уæрæх кæй уыд, уымæ гæсгæ сывæллæтты æххуыс уыд рæстæгыл.

Грамотæтæ дæтгæйæ, УУМ-ы сæргълæууæг Санахъоты Сергей банысан кодта, скъоладзауты уагахаст кæд бынтон раст нæ уыд æдасдзинады домæнтæм гæсгæ, уæддæр уый æвдисæн уыд сæ хъæбатырдзинад æмæ æхсарæн.

"Сывæллæттæ бахаудысты уæлвæткон уавæры. Æнæ рахъуыды-бахъуыдыйæ уыдон уæлвæткон уавæрты министрады кусджыты ӕмрæнхъ ӕрлæууыдысты зынгирвæзт хуыссын кæныныл, цалынмæ зынг бынтон нæ ныннымæг кодтой. Цы зынгфæдисонтæ куыстой семæ, уыдон бахатыдысты скъоладзауты схорзæхджын кæнынмæ. Уымæ гæсгæ уын УУМ-ы сæрмагонд къорды номæй зæгъын стыр бузныг", — загъта министр.

Грамотæтæй хорзæхджын кæныны церемонийы ма уыдысты ахуырады министры хæдивæг, скъолайы директор, ахуыргæнджытæ æмæ æмкъласонтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0