ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik, Биазырты Дзерӕссӕ. Тугъанты Махарбеджы номыл Цӕгат-Ирыстойнаг аивадон музейыл цыппӕрӕмы сӕххӕст ис 77азы. Музейӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 1939 азы 7 апрелы, фыццаг дзы архайдта равдыстыты зал, фӕстӕдӕр ын йӕ ном раивтой аивадон музеймӕ. 1973 азы та йын лӕвӕрд ӕрцыд ирон нывкӕнынады скъолайы бындурӕвӕрӕг Тугъанты Махарбеджы ном.
Ивгъуыд ӕнусы 40-ӕм азты музей ӕлхӕнын райдыта ирон нывгӕнджыты куыстытӕ. Ныридӕгӕн йӕ хӕзнадоны ис 6000 куысты, се ‘хсӕн — XVII-XIV ӕнусты уырыссаг нывгӕнджыты куыстытӕ, кӕцытӕ ӕвдисынц советон рӕстӕджы, ныгуылӕн-европӕйы ӕмӕ скӕсӕны аивад.
Ныридӕгӕн музейы ис равдыст ирон аивады иууыл ирддӕр ӕмӕ цымыдисондӕр рӕстӕджы нывтӕн — 70-80 азты ирон нывгӕнджыты куыстытӕн.
Музейы директор Дзанайты Аза куыд радзырдта, афтӕмӕй уагдон ныр бирӕ ӕзты дӕргъы ӕвзары зындзинӕдтӕ.
"Музейӕн нӕй, йӕ фонд кӕм бафснайа, ахӕм бынат, реставраци домынц агъуыст ӕмӕ хатӕнтӕ, хъӕуы фӕрӕзтӕ альбомтӕ ныммыхуыр кӕнынӕн. Ацы зындзинӕдтӕ мах ӕвзарӕм 60-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ", — банысан кодта директор.
Республикӕйы къухдариуӕгады ӕрдыгӕй музей у ӕнӕхъусдард — разамонджытӕ йӕ къӕсӕрӕй бахизынц ӕрмӕстдӕр официалон делегацитимӕ. Уырдӕм ӕрбацӕуынц политиктӕ, аивады номдзыд кусджытӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ. Ирон нывгӕнджыты куыстытӕ чи фены, уыдоныл стыр тӕлмӕнтӕ ныууадзы нӕ аивад.
Къуындӕг уавӕрты кӕй кусынц, уымӕ гӕсгӕ музейы ӕппынӕдзух экспозицитӕ нӕй. Сӕ фонды цы нывтӕ ис, уыдонӕн равдыстытӕ вӕййы рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ.
Архитектор И.В. Рябикины конд XX ӕнусы бӕстыхай Сабырады проспектыл ӕцӕгдӕр ӕвӕстиатӕй домы реставраци. Музейы та, куыд культурон бынты хӕзнадоны, хъӕуы паддзахад ӕмӕ ӕхсӕнады ӕххуыс.